2013 азы 27 июны мыхуырæй рацæудзæнис газет «Вестник Республики Южная Осетия»-йы сæрмагонд рауагъд. Уадзы йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварад Приднестроваг Молдоваг Республикæйы. Ацы рауагъд цæуы, куыд ПМР республикон газет «Приднестровье»-йы уæлæмхасæн, афтæ, 2009 азы февралæй фæстæмæ æрвыл квартал дæр.
«Вестник Республики Южная Осетия» æвдисы Хуссар Ирыстоны иууыл актуалондæр хабæрттæ, приднестроваг газеткæсджыты зонгæ кæны ирон адæмы культурæ æмæ традицитимæ. «Вестник»-ы нысан у дыууæ æфсымæрон республикæты – Приднестровье æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты культурæты диалогæн ахъаз кæнын.
Сураго Сергейы сæргълæудæй Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварад Приднестроваг Молдоваг Республикæйы активон куыст кæны нæ бæстæты ‘хсæн дывæрсыг бастдзинæдтæ уæрæхдæр æмæ фидардæр кæныныл, уыцы нымæцы информацион куыст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны цы прцесстæ цæуынц, уыдон æвдисыныл.
Цхинвал, 2013 азы 25 июнь