Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг Женевæйы дискусситы 23 раунды тыххæй

2013 азы 26-27 марты дунеон дискусситы фæлгæтты Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лæууыди уавæры фæсконфликтон æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.

Фембæлды сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ныхмæ цæмæй тыхæй ма спайда кæна, уыцы фарстытæм, кæцы нысан æрцыдис 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры Д. А. Медведев æмæ Н. Саркозийы бадзырдты. Хуссарирыстойнаг делегаци ногæй банысан кодта, Гуырдзыстон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг сразыдзинад бацæттæ кæнын æмæ йыл къухтæ ‘рфыссыны хъуыддаг æнæмæнг фæтагъддæр кæныны хъуыддаг куыд æдасдзинады системæйы ахсджиаг барадон компонент, афтæ. Тыхæй ма спайда кæныны иумиаг принципы фарс лæууын æмæ юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг дывæрсыг сразыдзинад бацæттæ кæнын у ахсджиаг къахдзæф, афтæ ма Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы æмæ Гуырдзыстоны президенттæ раздæр кæй сарæзтой, уыцы иуварсыг хъусынгæнинæгтæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл, хуссарирыстойнаг делегаци бахатыд, цæмæй дискусситы хайадисджытæ саразой æмæ райсой иумиаг хъусынгæнинаг дунеон барады принциптæм гæсгæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл. Иумиаг хъусынгæнинаджы текстыл сразыйы тыххæй дарддæр цыдис экспертон куыст.

Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæныгæрон æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, фæмбæлды хайадисджытæ банысан кодтой инциденттæм афоныл хъус æрдарын æмæ сæ иуварс кæныны Механизмы куысты пайда æмæ нысанмæздæхтдзинад. Хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, раздæр ма МПРИ-йы фембæлдты загъд куыд цыдис, афтæмæй Хуссар Ирыстонимæ æмарæн Гуырдзыстоны территорийыл ахæм зонæ саразын, кæцыйы ма хъуамæ уа хæцæнгарз, афтæ ма арæнгæрон арæзт æрцæуа, фидар хъусдард здæхт кæмæ цæуа, Хуссар Ирыстонимæ уыцы æмарæн Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ногæй æрсидтысты Гуырдзыстонмæ, цæмæй рæвналой паддзахадон арæны иумиаг делимитаци æмæ демаркацимæ.

Лæмбынæгæй дзырд цыдис гуманитарон проблемæтыл, кæцытæ ахсджиаг бынат ахсынц, æбæрæгæй чи фесæфт, Гуырдзыстоны æнæзакъононæй кæуыл стæрхон кодтой, Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгтæ æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ. Хуссарирыстойнаг делегацийæн ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны ныры Хицауад бæрндзинады ахаст равдисдзысты æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон хъысмæтмæ. Раздæры фембæлдтыты фæлтæрдзинадæй разамынд кæнгæйæ, æмæ дискуссимæ рахастгонд уынаффæты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны сæраппонд æрсидт æрцыдис дыууæ кусæгон къорды рабадт. Фæлæ гуырдзиаг делегацийы, сæрмагондæй та йæ къухдариуæггæнджыты æнæконструктивон позицийы аххосæй, кæцытæ ницæмæ ‘рдардтой ацы рабадт, нæ раттой æххæст бæрцæй фæстиуджытæ саразыны фадат.

Дыууын æртыккæгæм раунды фæлгæтты дискусситы дунеон эксперттæ ауагътой информацион сессии фæсконфликтон æрбæстон кæныны хъуыддаджы сылгоймæгты хайадисты стыр роль æмæ хайадисты тыххæй.

Женевæйы радон фембæлд нысан æрцыдис 2013 азы июны кæронмæ.

 

2013 азы 27 март

 

27.03.2013