Тина Акетофты доклады фæдыл ЕЦПА райсгæ резолюцийы тыххæй
2013 азы январы Европæйаг Цæдисы Парламентон Ассамблейы зымæгон сессийы ист æрцыдис Тина Акетофты доклад «Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе: конфликтæй æмæ хæстон архайдтытæй зиан кæуыл æрцыдис, уыцы территоритыл уавæр», кæцы Хуссар Ирыстонмæ сæвзæрын кодта къорд фарсты.
Нырыккон дунейы чи цæуы, дунеон системæйы уыцы ног ахастыты системæ рæзын кæныны иттæг ахсджиаг у, цæмæй уыцы системæ уа æнæфæцудгæ. Уæй тыххæй хъуамæ æнцой кæна цалдæр полюсыл, кæцыты дунейы алы ран дæр реалонæй æвдисой æппæт паддзахадтæ æмæ регионтæ чи сты æмæ цы сты, уый. ЕЦПА у цыты аккаг дунеон фазуат, æмæ уым кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, æмбарæй хъуамæ ифтонг æмæ хыгъд цæуой æппæт паддзахадты интерестæ дæр.
Афтæ зыны, цыма резолюции у гуманитарон фарстыты ‘вварс, æцæгæй та йæ тæккæ райдайæнæй фæстæмæ у политизацигонд, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны хоны Гуырдзыстоны оккупацигонд хай. Уыцы хъуыдыйæн та, кæй зæгъын æй хъæуы, æцæгдзинадимæ иумиагæй ницы ис. Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар суверенон паддзахад, æмæ йын Гуырдзыстоны территоримæ ницы ахаст ис.
Иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ, бар-æнæбары, ацæуын кæй бахъуыдис, уыдон тыххæй резолюцийы пункты дзырд кæм цæуы, уым уæлдай тынгдæр тыхстдзинад æвдыстæуы гуырдзиаг лигъдæттыл, резолюции у æцæгдзинадæй æнæкæрон дард. Этникон гуырдзиæгты фылдæр хай Хуссар Ирыстоны территорийæ афардæг сты, 2008 азы августы гуырдзиаг æфсад куы ‘рбабырстой, уымæй цалдæр боны раздæр, ома сæ ацæуын бар-æнæбары нæ бахъуыдис æмæ сæ хæдзæртты дæр ныууагътой барвæндонæй. 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны территорийæ цы гуырдзиæгтæ ацыдысты, уыдоны нымæц, æмткæй сисгæйæ, уыдис 5 мин адæймагæй чысыл фылдæр. Афтæмæй та 1990 азы Гуырдзыстонæй этникон асыгъдæг кæнын æмæ агрессийы тæссагдзинадæй сæхи бахъахъæныны сæраппонд бар-æнæбары сæ цард бахъахъхъæныны тыххæй алидзыны сæр бахъуыдис 100 мины бæрц ирон лигъдоны. Фæлæ уыдоны хъысмæтыл тынг нæ тыхсынц европарламентаритæ.
Резолюцийы, комкоммæдæр сырх хаххау, зыны, Хуссар Ирыстоны позици кæй ницæмæ дардæуы, уый. ЕЦПА-йы делегацитæ маникиалон фæдфæдылондзинадимæ, гуырдзиаг политиктимæ иумæ, æмбæлы æви не `мбæлы, уæддæр æвæрынц Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æнæмæнгхъуыддагæй дунеон цæстдарджыты бакæныны фарст. Республикæ Хуссар Ирыстоны 2008 азы августæй фæстæмæ ныр фæндзæм аз ис реалон стабилондзинад æмæ сабырад, кæцытæ ифтонг цæуынц, уырыссаг æфсæддон контингент дзы кæй ис, уый руаджы дывæрсыг уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырдты бындурыл. Хуссар Ирыстоны адæм бузныг сты уæрæсейаг æфсæддонтæй æмæ арæнхахъхъæнджытæй, уымæн æмæ сты Республикæйы æддагон æдасдзинады гарант.
ЕЦПА-йы парламентаритæм сидгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт куры, цæмæй банымайой уæвæг реалитæ æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн радтой нæ паддзахадимæ баст фарстатыл уынаффæ кæныны сæхæдæг хайад цæмæй исой, уый фадат. Фаг дунеон контакттæ кæй нæй æмæ Хуссар Ирыстонæн дунеон трибунæтæй раныхас кæныны фадат кæй нæй, растæр уый æвзæрын кæны дунеон æмæхсæнады иуæй-иу уæнгтæм регионы ситуацийы тыххæй зыгъуыммæгонд хъуыдытæ.
Цхинвал, 2013 азы 24 январь