Женевæйы дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы Хъусынгæнинаг

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 22-æм раунды тыххæй

2012 азы 12-æм декабры йæ куыст фæци Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 22-æм радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, Европæйы Цæдис, Баиугонд Нациты Организаци æмæ ЕÆÆÆ-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыди фæсконфликтон фарстытæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

22-æм раунды рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис æдасдзинад сифтонг кæныны фарстмæ æмæ, 2008 азы 8 сентябры Д. А. Медведев æмæ Н. Саркози цы баздзырд сарæзтой, уымæ гæсгæ, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй не спайда кæндзæнис, уымæ. Банысан æрцыдис, зæгъгæ, регионы ситуации дискусситы дыууын фыццæгæм раунды фæстæ, зæгъæн ис, æмæ, абаргæйæ, кæй уыдис сабырдæр, фæлæ хицæн инциденттæ кæй æвзæрын кæнынц катайдзинад. Хуссарирыстойнаг делегаци дискуссийы хайадисджыты хъусдард аздæхта 24 ноябры инцидентмæ. Уæд 2008 азы августы хæстæй чи баззадис, уыцы сармадзаны нæмыджы срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард Хуссар Ирыстоны Мугуты хъæуы цæрæг. Фехъусын чындæуыд, зæгъгæ-ма уый ноджыдæр дзурæг у ууыл, æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон йæ агрессийы рæстæджы кæй пайда кодта, дунеон конвенцитæ бар кæмæн нæ дæттынц, ахæм кассетæйон хæстон æрмæджытæй. Хуссар Ирыстоны делегаци-ма характеристикæ радта 2 февралы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн цы паддзахадон арæн цæуы, уымæ хæстæг цæрæн пункт Къодайы хъæуы цур цы инцидент æрцыдис, уымæн. Уый гуырдзыстойнаг фарсы ‘рдыгæй барæй арæзт кæй æрцыдис провокацийы охыл, уымæн дæр.
Дискуссийы бындурон къахдзæф у, цæмæй бацæттæгонд æрцæуа Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Абхазы æхсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хæсджынгæнæг документ куыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмты æдасдзинады дунеон барадон гаранти. Хуссарирыстойнаг делегаци цæхгæр рахæцыд уæрæсейаг фарсæрдыгæй бавдыст чи ‘рцыд, уыцы сноггонд хъусынгæнинаджы проекты ‘вварс æмæ тыхæй ма спайда кæнынмæ здæхт чи у, уыцы бадзырд райсыны сæраппонд. Бавдыст æрцыдис, цæмæй иумиаг сразыдзинады хъусынгæнинаджы текстыл æрцæуа экспертон куыст.

Хуссарирыстойнаг делегаци та ногæй æрæвæрдта фарст, 2008 азы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтис, уыдоны хъысмæты тыххæй, кæцыты фылдæр хай, бæлвыргонд зонæнтæм гæсгæ, уыдысты Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухты. Гуырдзыстоны политикон царды ног ситуации хынцгæйæ, Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дискуссийы хайадисджыты хъусдард ногæй аздæхтой, Гуырдзыстоны ахæстæты чи ис, уыцы хуссарирыстойнаг æмбæстæгты проблемæтæм. Банысан æрцыдис, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй йæ царды кæронмæ æмæ дæргъвæтин рæстæгмæ ахæстоны фæбадын тæрхонгонд кæмæн æрцыдис, уыдон уголовон хъуыддæгтæ Гуырдзыстоны хицауад сарæзта мæнгæй æмæ сын ис политизацигонд характер. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ æрсидтысты Гуырдзыстонмæ, цæмæй ногæй æркæсой ацы æнæраст тæхондонон уынаффæтæм.

Хайадисджытæ загътой, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл инцидентæм афоныл хъус æрдарын æмæ сæ иуварс кæныны иумиаг механизмты куысты эффективондзинад æмæ оперативондзинады рæзт пайда кæй у, уый.

Женеваг дискусситы раздæры фембæлдты куысты фæлтæрдыл бындуриуæггæнгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегацитæ фæндон бахастой кусæгон къордты иумиаг кæронбæттæн рабадт ауадзыны тыххæй, цæмæй фарстытыл тæрхон кæныны хъуыддаг эффективондæр уа. Фæлæ гуырдзиаг делегацийы æнæконструктивон позиции нæ радта фарсты фæдыл сразыдзинадмæ æрцæуыны фадат.

Дыууын дыккæгæм раунды фæлгæтты дунеон эксперттæ ауагъдтой инфобрифинг цæрджыты хъуагдзинæдтæн аргъ скæныны темæйыл.

Женевæйы радон фембæлд ауадзын нысангонд æрцыд 2013 марты кæронмæ.

Женевæ, 2012 азы 12 декабрь

13.12.2012