2012 азы 8 августа г.Цхинвал РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады инициативæйы уагъд æрцыдис тымбыл фынг "Ирон ныхас". Дискуссийы хайад истой ирон общинæты минæвæрттæ Белгийæ, Нидерландтæй, Уæрæсейы Федерацийы регионтæй, Сирийæ, Туркæй, Францæй, Голландийæ, Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ирон зонады зынгæ минæвæрттæ. Тымбыл фынгы уынаффæ цыдис 2008 азы августы цаутыл ирон-гуырдзиаг æмахастыты ретроспективæйы. Уымæй дардæр ма ныхасы рацæуджытæ æруынаффæ кодтой ирон диаспорæйы ролыл бæстæйы царды æмæ диаспорæйы проблемæтыл. Тымбыл фынгы дискусситы хатдзæгтæм гæсгæ ист æрцыдис хъусынгæнинаг.
Цхинвал, 2012 азы 8 август.
Тымбыл фынгы хъусынгæнинаг 2008 азы августы цаутыл ирон-гуырдзиаг амахастыты ретроспективæйы
Æнæхъæн дугты дæргъы гуырдзиаг хицауиуæггæнджытæ Гуырдзыстоны арæнтæ рауæрæхдæр кæныны сæраппонд тырныдтой фыдæлтыккон ирон зæххытæ байсынмæ æмæ сæ ирон сыхæгты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынмæ. 1920 азы геноцид, 1989-1992 азты геноцид, 2004 хотыхджын æрбабырст ирон адæмы историон хъуыдыйы мысинагæн ныууагътой чи нæ гас кæны, ахæм хъæдгомы фæд. Гуырдзыстоны хæдбардзинад расидынæй фæстæмæ йæ алы ног хицау дæр йæ куыст райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон архайдтытæй. Гуырдзиаг æфсады алы æрбабырст дæр хицæн кодта йæ æнæадæймагдзинадæй æмæ æгъатырдзинадæй.
Цыппар азы размæ, 2008 азы августы уæрæхмастабон агресси æмæ ирæтты геноцид ирдæй фенын кодтой уый, æмæ гуырдзиаг фæтæгтæ æртыккæгæм мин азты дæр дарддæр хъуыды кæнынц Астæуккаг æнусон хъæддаг категоритæй æмæ сæ нысан къухты бафтын кæныны сæраппонд кæй пайда кæнынц уымæй размæйы хъæддаг методтæй. 2004 æмæ 2008 азты гуырдзиаг æфсæддон авантюрæтæ уыдысты, Олимпион хъæзтытæ куы цыдысты, уæд. Æгас дуне ХХХ Олимпиадæйы байгом кæнынмæ куы кастысты, уæд Гуырдзыстон, хæст райдайгæйæ, æнхъæл уыдис, зæгъгæ, йын уыцы рæстæджы дæргъы бантысдзæн Хуссар Ирыстоныл фæуæлахиз уæвын. Æмæ, зæгъгæ, дунеон æмæхсæнадæн фенын кæндзæнис, цы сарæзта, уыцы факт. Уый æнхъæл уыд, ахæм цыбыр рæстæгмæ æмбæлон мадзæлттæ ничи райсдзæнис. Фæлæ гуырдзиаг фæтæгтæ фæрæдыдысты сæ банымады. Диссаг куыд нæ у уый, æмæ Хуссар Ирыстонмæ бабырст Гуырдзыстоны банысан æрцыдис æппæтадæмон циндзинадæй: 2008 азы, 7 августæй 8 августмæ æхсæвы, гуырдзиаг артилерийы æхсты бын Цхинвалы сæдæгай адæймæгтæ куы мардысты, уæд Тбилисы та уыдысты дзыллон адæмон тезгъотæ музыкæ æмæ кæфтытимæ.
Уæрæсейы Федераци канд æххуысмæ не ‘рцыдис æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы бынтондæр скуынæг кæнынæй нæ фервæзын кодта, фæлæ ма Фæскавказы регионы æдасдзинад æмæ сабырад сифтонг кæнынмæ тырнгæйæ банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад дæр. Ирон адæм се ‘ппæт дæр æнусты бузныгæй баззайдзысты Уæрæсейы Федерацитæ, æппæт уырыссæгтæй, кæцытæ иузæрдионæй рахæцыдысты Хуссар Ирыстоны ‘вварс. Фембæлды хайадисджытæ ма стыр бузныджы æнкъарæнтæ равдыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад ма чи банымадта æмæ уымæй сабырад сфидар кæныны хъуыддаджы уæзгæ хайбавæрд чи бахаста, уыцы иннæ бæстæтæм дæр.
Фæлæ Тбилисы дарддæр дæр бæллынц реваншмæ æмæ искæй зæххытæ бацахсынмæ. Йæ хæцæнгæрзты нымæц фылдæр кæнгæйæ, æмæ ног штурмгæнæг къордтæ цæттæ кæнгæйæ, Гуырдзыстон æппæт амæлттæй дæр тырны йæхицæй бæрндзинад сисынмæ, дунейы æмæ адæймагады раз цы фыдракæндтæ сарæзта уыдоны тыххæй. Тбилисаг режим æххæст кæны æдзухон пропагандистон кампани æмæ уымæй архайы цæстуынгæ факттæ иуварс кæныныл, тырны мæнг, æрымысæггаг хъуыдытæ парахат кæнгæйæ, хъуыддæгтæ æххæстæй чи нæ зоны, уыцы аудиторитæн бауырнын кæна, зæгъгæ, æндæр ничи, фæлæ æрмæстдæр Гуырдзыстон у агрессийы амæттаг. Уыимæ иумæ ма Гуырдзыстон цæхгæр нæ разы кæны, цæмæй йæ къух æрфысса, юридикон æгъдауæй йæ чи хæсджын кæны сабырадон сразыдзинæдтыл, кæцытæ дæттынц Хуссар Ирыстонмæ ма бабырсыны æмæ дзы тыххæй ма спайда кæныны гаранти.
Гуырдзыстон, агрессор уавгæйæ, æмæ Олимпион принциптæ ныддæлдзиныг кæнгæйæ, хъавы Уæрæсейæн æвзæрдзинæдтæ аразынмæ, Сочийы Олимпиадæйыл гадзрахатæй рацæугæйæ, хипайдайæн черкессаг адæмы историон трагедитæ спайда кæнгæйæ. Уыимæ иумæ ма Тбилисы рох кæнынц ирæтты ахасты бирæ хæттыты этикон асыгъдæг кæнынад æмæ геноцид, гуырдзиаг æфсад æмæ боевиктæ бирæ мин ирæтты, сæ æрд æмæ сын сæ кармæ æнæкæсгæйæ, кæй амардтой æмæ сын фыдхъизæмæрттæ кæй фæкодтой, уый.
Гуырдзыстон йæ цæсгом сыгъдæгæй равдисынмæ тырнгæйæ, архайы, цæмæй йæхи равдиса демократийы цырагъдарæй æмæ Цагаткавказаг адæмты барты сææрыл хæцæгæй йæ пропагандистон ресурстæ сын, куыд телеканал ПИК, хъаргæйæ. Фæлæ Тбилисаг æрттиваг витринæтæй иттæг хорз зынынц тоталитарон националистон режимы нысæнттæ, кæцы кæд йæхи гримæй сахуырста, уæддæр баззадис цы уыдис, уымæй. Гуырдзыстоны политикæйы уыцы æцæг цæсгом хорз зыны Хуссар Ирыстоны цæрджыты цæстыты, кæцытæ афтидæй аззадысты се ‘вварс адæмæй, канд 2008 азы августы нæ, фæлæ ма Ирыстоны историйы æндæр æмæ æндæр рæстæджыты дæр æмæ сын ныр уый рох кæнын кæны Тбилис. Уæлдæр дзырд цы цаутæ æмæ факттыл цæуы, уыдон зæрдыл даргæйæ, кæцытæм æппæт бындуртæ дæр ис æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фæлхаттгонд æрцæуа агресси, уый дæр ма нысан кæнгæйæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзстон бирæ хæттыты цы гарзджын бабырстытæ сæххæст кодта, уыдон алы хатт дæр уыдысты æгъатыр фыдракæндонтæ адæймагады ныхмæ геноцидон акттæ.
Тымбыл фынджы хайадисджытæ сидынц дунеон æмæхсæнадмæ:
* Æргомæй æмæ официалонæй æвзæрыл банымайой Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны 2008 азы августы хотыхджын агресси, кæцыйы фæстиуæгæн мард фесты æмæ фæдхъизæмар бавзæрстой бирæнымæц адæймæгтæ;
* Хъусдардмæ Гуырдзыстонæн райсын хъæуы, ацы агрессийы тыххæй хи сабыр дарын æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ суой ног, радон агресси;
* Æппæт гæнæнтæй дæр спайда кæнын хъæуы, гуырдзиаг полицийæгтæ кæй аскæфтой æбæрæгæй сæфтыл кæй банымадтой, уыцы ирæтты агурыны æмæ сæ фæстæмæ раздæхыны сæраппонд;
* Эмбарго æвæрд æрцæуæт цахæмфæнды хотыхтæ æмæ хæстон æрмæджытæ дарыныл;
* Спайда чвндæуæт Тбилисыл бандæвыны æппæт гæнæнтæйдæр, цæмæй къухты бафта Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстонæн тыххæй ма спайда кæныны тыххæй йæ къух æрфыссын чындæуа юридикон æгъдауæй йæ хæсджынгæнæг документыл;
* Республикæ Хуссар Ирыстон н æрцæуæтымад, куыд хæдбар паддзахад, афтæ.
Цхинвал, 2012 азы 8 август