Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг ОБСЕ ПА Гуырдзыстоны тыххæй резолюци кæй райста, уый фæдыл

2012 азы 9 июлы Монакойы ОБСЕ Парламентон Ассамблейы æрвылазон рабадты рахæцыдис польшæйаг депутат Михаил Щерба «Гурдзыстоны ситуацийы тыххæй», зæгъгæ,цы резолюци бавдыста,уый фарс. Резолюцийы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хонынц «оккупацигонд территоритæ» .

ОБСЕ парламентаритæ рагацау кæй тыххæй бадзырдтой,ахæм ацы иувæрсыг позици,рогæй йæ куы зæгъæм,уæд Хуссар Ирыстон йæ фæдыл расайдта дисдзинады æнкарæн.Зындгонд куыд у, афтæмæй ОБСЕ тырны,цæмæй суа йæ культурон-историон хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта,уыцы нациты æмхæларад,фæлæ уыцы æмрæстæджы иууон гуманистон æгъдауæй иугонд чи уой,ахæмтæ. Ахæм æмæхсæнадæн,куыд фæтк,афтæ хъуамæ суа æвæстиат æмæ эффективон ныхмæлæууæг тыххæссыны цахæмфæнды фæзындæн дæр ныхкъуырддæттæг,демократии æмæ адæймаджы бартæн тасдзинад куы взæрын кæной,уæд.

Дзырд Хуссар Ирыстоны тыххæй куы цæуа,уæд ОБСЕ 2008 азы августы цаутæн æмæ Гуырдзыстонæн йæхи сæрмагонд Миссийы архайдæн нырма дæр не скодта реалон аргъ,кæцытæн йæ бон нæ бацис йæ мандат сæххæст кæнын,йæ бон нæ бацис,цæмæй ауварс кодтаит Хуссар Ирыстоны ныхмæ ауварс кодтаит Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны гарзджын агресси.Хъусдардмæ ист не’рцыдысты æхсин Хайди Тальявитийы къухдариуæгадæй Евроцæдисы хæдбар къамисы доклады хатдзæгтæ дæр,кæцыты комкоммæ дæр басастæуыдис,зæгъгæ,2008 азы августы хæст растдæр Гуырдзыстон райдыдта. Уый нæ, фæлæ ма ОБСЕ бæстæ- уæнгтæй иуæй-иутæ æвзæрыл нæ банымадтой Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдтытæ,кæнынц ын æппæтфарсон политикон æмæ хæстон фарсхæцынад, кæцытæ йæ,гæнæн ис æмæ сразæнгард кæной ног «сгуыхтдзинæдтæм».Науæд куыд бамбæрстæуа АИШ бæрзонд бынаты бадæг чиновник Маккейн ОБСЕ Парламентон Ассамблейы фæлгæтты уагъд чи цыдис,уым кæй загъта,зæгъгæ,конгрессы æпæтт дæр арæзтæуы уый тыххæй,цæмæй Гуырдзыстон «хотыхджын æрцæуа хихъахъхъæнæн хæцæнгæрзтæй»,кæцытæ æцæгæй та сты размæбырсæнтæ.

Къаддæр катайаг хъуыддæг нæу ОБСЕ документы кæй ис Гуырдзыстоны минæвæрттæ кæй зæгъынц,уыцы термин «оккупацигонд территоти» Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты,кæцытæн иумиагæй ницы ис уæвæг реалондзинадимæ.

Хуссарирыстойнаг делегаци Женевæйы дунеон дискусситы иу æмæ дыууæ хатты,мыййаг,нæ бæлвырд кодта æмбарынадтæ «оккупаци» æмæ «оккупацигонд территоритæй» Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты пайда кæнын æнæсæрфат ми кæй у, уый. Ацы фарстыл æппæтфарсон сæрмагонд иумиаг уынаффæ кæнын дунеон барады къабазы йæм хæдбар экспертты фæхонгæйæ, Женевайы дискусситы 20-æм раунд фидарæй сбæлвырд кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы территоритыл уæрæсейаг æфсæддон тыхты контингент кæй ис,уыдонæн ныцы хуызы ис нымайон «оккупационтыл» æмæ уыцы паддзахадтæн та нымайæн нæй,куыд «оккупацион» территоритæ,афтæ.Фæлæ ОБСЕ парламентаритæ,цæмæдæр гæсгæ,ацы рекомендациты аугътой сæ хъусты иувæрсты.

Гуырдзыстоны агрессийы размæ æмæ суанг агрессийы 2008 азы августы рæстæджы дæр ОБСЕ минæвæртты миссийы архайдмæ æмæ позицимæ уыдис серьезон претензитæ,Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты сидтис ОБСЕ къухдариуæгадмæ,цæмæй æруынæффæ кодтаиккой,цы реалитæ сырæзтысты,уыдон хынцгæйæ,дарддæры æмахастыты æмæ Хуссар Ирыстоны республикæ
банымайыны тыххæй,фæлæ фарст абоны онг дæр скъуыдзаг нæма ‘рцыдис. Æмæ Хуссар Ирыстонмæ хауæг резолюци æнæ Хуссар Ирыстоны минæвары хайадистæй документæн нæй объективондзинад,нæ ахъаз кæны регионы стабилондзинадæн.

Цхинвал, 2012 азы 10 июль

11.07.2012