Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæртты иумиаг хъусынгæнинаг Женевæйы дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты терминтæ «оккупаци», «оккупацигонд территоритæ»-йы æмбарынадæй кæй пайда чындæуы, уый тыххæй

Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ нысан кæнынц Женевæйы дискусситы 20-æм раунды фæлгæтты чи уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахастыты терминтæ «оккупация», «оккупацигонд территоритæ»-æй æнæбындурæй кæй пайда чындæуы, уыцы нымæцы дунеон барады нормæтæ æмæпринципты цæстæнгасæй дæр, ууыл уынаффæ кæнын.

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси кæй райдыдта, уый фæстиуæгæн дунеон мандаттæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны чи уыдысты, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнджыты дæр ма сæм куы бафтауæм, уæд мард феста сæуæгæй адæймæгтæ.

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, райгонддзинад зæгъынц, зæгъгæ, кæд Женевæйы дискусситы хайадисджытæн æндæр æмæ ææндæр ахаст ис терминтæ, «оккупаци»-йæ спайда кæнынмæ, уæддæр ацы темæйыл уынаффæ кæнынмæ дунеон барады хаххыл хæдбар эксперттæ дæр канд кæй æрцыдысты æппæтфарсонæй йыл иумæ æруынаффæ кæныны тыххæй, уый ирдæй фенын кодта: Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейаг гарзджын тыхты къорд кæй ис, уымæ ницыгъуызæнæй кæсæн нæй, куыд оккупаци, афтæ æмæ ацы паддзахадтæн та никуыд ис схонæн «оккупацигонд территоритæ».

Оккупацийы æнæмæнгхъæуæг атрибуты режим у, иу паддзахады гарзджын тыхтæ эффективон контроль куы кæной иннæ паддзахады территори æмæ цæрджытыл, уæд. Дунеон гуманитарон барады «эфективон контроль» арæхдæр æмбæрст цæуы оккупацион æфсад æмбæлон территорийыл административон æмæ полицион функцитæ куы феххæст кæны, уæд, афтæ ма бынæттон цæрджытæн æнæмæнгхъæуæг чи сты, ахæм нормативон акттæ куы рауадзынц, уæд уый. Чысыл нысаниуæджы критери ма нæу уый дæр æмæ оккупацион тыхтæ дихгонд куы ‘рцæуынц æппæт оккупацигонд территорийыл, кæцытæн реалонæй вæййы комкоммæ сыл контроль кæныны фадат.

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территоритыл уæрæсейаг æфсæддон тыхтæ кæй сты, уымæн ахæссæн нæй банысангонд критеритæй сæ иумæ дæр. Уæрæсейаг æфсæдтон службæгæнджытæ компактонæй сты сæ æфсæддон базæты, сæхи нæ хæццæ кæнынц бынæттон цæрджыты хъуыддæгты. Нæ рауадзынц ницахæм барфыстытæ æмæ не ‘ххæст кæнынц полицион кæнæ административон функцитæ. Афтæ æмæ уæрæсейаг гарзджын тыхтæ Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл нæй гæнæн æмæ нымад цæуой «оккупацион æфсæдтыл». Нæй сæ иумийаг дунеон бартæ æмæ дунеон гуманитарон барты мидисмæ гæсгæ афтæхуыйнæг «оккупациты» режим дæр.

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон территоритæ æххæстæй æмæ эффектонæй контроль кæнынц закъонон æвзæрст хицауадтæ. Уыдон та уагъд æрцыдысты 2009, 2011, 2012 азты дыууæ бæстæйы æвзæрстыты æргом æмæ легитимон æгъдауæй сæххæст Кæнгæйæ. Уый афтæ кæй уыдис, уымæн æвдисæн сты цæстдæрджытæ, уыдоны нымæцы дунеон цæстдарджытæ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ Сухумы æмæ Цхинвалы хицауадтæ 2008 азæй бирæ раздæр æмæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон хæдбар суверенон паддзахадтыл нымад куы рцыдаиккой, уæдмæ дæр сæ территоритыл æмæ сæ цы адæм цардысты уыдоныл кодтой эффективон контроль. Дыууæ паддзахады территорийыл дæр уæрæсейаг æфсæддон базæтæ кæй æрцыдысты, уый ацы ситуацийы ницы хуызы нæ фæивта. Абхазы дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр уыдон æвæрд æрцыдысты Уæрæсеимæ дывæрсыг бадзырдты бындурыл.

Гуырдзиаг хицауады тырнындзинад термин «оккупацигонд территори» бакæнын æмæ дзы пайда кæныны фæрæзæй дарддæр ницы у.

Уыдонæн иумийагæй ницы ис ныры Хуссар Кавказы политикон реалондзинадимæ æмæ сын ис дунеон æмæхсæнадмæ, раст чи нæу, ахæм хъуыды сæвзæрын кæныны нысан.

Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, Женевæйы кæрæдзийон хъуыдытæ загъдгонд кæй æрцыдысты, уый хынцгæйæ, сидынц дунеон барады æппæт субъекттæм дæр, цæмæй дарддæр сæхиуыл фæхæцой термин «окупаци»-йæ пайда кæнынæй Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны территоритыл цы хотыхджын дæлхæйттæ сты, уыдонмæ ахасты, афтæ ма уыдон хуызæн æндæр терминтæй пайда кæнынæй куыд юридикон æмæ фактон цæстæнгасæй æнæбындур чи сты, ахæмтæй.

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæртæ ныфсдзинад зæгъынц уымæй æмæ сæ партнертæ ацы рекомендацитæм кæй байхъусдзысты Фæскавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фарстатæм хауæг Женевæйы дискуссийы. Уый ахъаз кæндзæнис конструктивон атмосферæ саразынæн æмæ ацы дунеон бадзурынады формæты æнтысгæ куыстæн.

Женева, 2012 азы 8 июн

08.06.2012