Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг ЕЦПА докладгæнджыты хъусынгæнинаджы фæдыл

2012 азы 12 марты Страсбургы Гуырдзыстоны фæдыл адæммæ хаст æрцыдис Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы æмдокладгæнджытæ( ЕСПА ) Кастриот Исламийы (Албании) æмæ Астрпуп Йенсены (Дани) хъусынгæнинаг, кæцыйы дзырд цæуы, зæгъгæ, ивгъуыд сабаты Абхазы уагъд æрцыдысты парламентон æмæ 2012 азы та «афтæхуыйнаг президентон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны, уыдонæн нæй гæнæн æмæ нымад æрцæуой закъононтыл».

Уый нæ, фæлæ ма ацы «демакратон хъусынгæнинаджы авторты хъуыдымæ гæсгæ» сепаратистон регионтæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидт кæй æрцыдис, уый дæр дунеон барадмæ гæсгæ у æнæзакъонон æмæ ацы æвзæрстытæн ауадзыны тыххæй ницахæм юридикон кæнæ конституцион бындур» Дунеон организацийы ахæм авторитетон минæвæртты хъуыды, уæлæнгай йæ куы зæгъæм, уæд дисы æмæ арф хъыгдзинады æнкарæнтæ сæвзарын кодта Хуссар Ирыстоны. Куыд зыны, афтæмæй ЕЦПА докладгæнджыты æнæразыдзинады бындурон нысан, суанг æвзæрстыты хъуыддаг дæр уыйбæрц нæу, цас у дыууæ паддзахады- Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Ремпубликæ Абхаз кæй уæвынад кæнынц, уыцы факт.

Æнæмбарстдзинад æвзарын кæны уый æмæ ЕЦПА докладгæнджытæ, кæцыты архайды бындурондæр сферæтæй сæ иу у адæймаджы бартæ афтæ æнцонæй кæй халынц сæрибар демакратон рæзт æмæ фæндондзинадмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адæмты бартæ. Элементарон логика куыд амоны,афтæмæй цалынмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй «æнæконституцион» æмæ «æнæзакъондзинад»-ы ахæм хъусынгæнинаг саразай, уæдмæ ЕЦПА докладгæнджытæ, куыд минимум, афтæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæугæйæ, æппæтфарсонæй хъуамæ сахуыр кодтаиккой ситуации, уыцы нымæцы барадон бындур дæр. ЕЦПА докладгæнджытæ та фагыл нымайынц Тбилисмæ сæ визиттæ æмæ уым цы информации райсынц, уый, цыма сæхи хъуыды у, афтæ йæ ракæнгæйæ.

Хъыгаг факт у, ЕЦПА иуæй-иу минæвæрттæ Гуырдзыстоны пропагандистон политикæйы бындурыл æвæрд чи ‘рцыдысты, уыцы тезисты кæй райстой æмæ сæ ныридæгон уыдоны дзыхæй кæй дзцрынц, уый. Ахæм хъусынгæнинæгтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, регионы ситуации фæхуыздæр кæнынмæ здæхит чи, регионы ситуации фæхуыздæр кæнынмæ здæхит чи сты,цæхæмфæнды ахæм архайдта дæр, къуылымпы кæнынæй дардæр, ницы дæттынц æмæ исты раттын дæр сæ бон кæй нæу.

Фæлтæрдзинад куыд æвдисы,афтæмæй уыцы дунеон эксперттæ, кæцытæ гуырдзиаг ирон ахастытæ æмæ Хуссар Ирыстооны уæвинады фарстайæн барæй æндæры ‘рдæм хъуыдыимæ кæй балæууынц, уымæй æрцæуынц, Ныгуылæны позицийы хуызæн чи нæ вæйынц, æндæр ахæм хатдзæгтæм. Цæвиттонæн банысангæнæн ис 2008 азы августы цаутæ ахуыр кæныны фæдыл Евроцæдисы хæдбар къамисы хатдзæгтæ, кæцыты Гуырдзыстон нымад æрцыдис агрессорыл кæнæ Европæйы Цæдисы иуæй-иу докладгæнджы хатдзæгтæ кæцытæ сæхицæн радтой Хуссар Ирыстоны минæвæрттимæ фембæлыны бар æмæ уый тыххæй æфхæрд æрцыдысты гуымир æгъдауæй канд гуырдзиаг политикты ‘рдыгæй дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ногæй бахъуыдис ЕЦПА докладгæнджытæ æмæ хъуыддаджы реалон уавæримæ зонгæ чи не сты, уыдоны зæрдыл ногæй æрлæууын кæнын уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй сарæзтой йæ адæм, дунеон барады æппæт нормæтæ дæр æххæст кæнгæйæ. Йæ хæдбардзинад декларацигонд æрцыдис, ССРЦ куынæуал уæвынад кодта, уымæн йæ дыккагæм бон- 1991 азы декабры, ома Гуырдзыстоны, куыд хæдбар паддзахады, афтæ дунейы нымадгонд куынæма уыдис, уымæй бирæ раздæр æмæ никуы уыдис йæ «сепаратистон регион».Хæдбардзинадмæ Хуссар Ирыстоны адæмы тырнындзинад бафидаргонд æрцыдис 1992 æмæ 2006 азты референдумты, перидикон æгъдауæй арæзт æрцыдис æмбæлон закъондæттынады нормæтæм гæсгæ. Хуссар Ирыстоны закъондæттынад, специалисттæ йæ куыд банымадтой, афтæмæй у прогрессивон æмæ дзуапп дæтты дунеон нормæтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ЕЦПА докладгæнджыты хъусынгæнинаг нымайы барæй арæзт æмæ æнæобьективоныл, æргомæй гуырдзиаг позиции чи ‘вдисы, ахæмыл æмæ ногæй хъусын кæны уый æмæ Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у регионы стабилондзинад чи фидардæр кæна, цахæмфæнды ахæм конструктивон æмкуысткæнынадмæ дæр.

Цхинвал, 2012 азы, 13 март

13.03.2012