2012 азы 17 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визиты уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевайы дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегаци фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевайы дискусситы хайадисджытимæ.
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис 2012 азы 28-29 марты Женевайы чи хъуамæ уа, уыцы радон 19-æм раундмæ цæттæ кæныны фарстатыл. Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй банысан кодтой Женевайы радон дискусситы куыстмæ цæттæ кæй сты.
Женевайы дискусситы æмсæрдæртты хъусдард ногæй здæхт æрцыдис, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс Республикæ Хуссар Ирыстонмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл йæ къух æрфысса, уый тыххæй йæ хæсджын чи кæны, уыцы юридикон документыл.
Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ банысан кодтой инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм рæстæгыл æмбæлон хъусдард здахынмæйы механизмы продуктивон куыст, кæцытæ арæзт æрцыдысты Женевайы дискусситы фæлгæтты. Æвæрццаг аргъ æрцыдис, тæрхон кæуыл скодтой æмæ кæй æрцахстой, уыдон кæрæдзимæ дæттыны практикæйæн. Уыцы позитивон момент хъуамæ дарддæргонд цæуа нырæй фæстæмæ дæр. Афтæ ма банысан æрцыдис Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнты уавæр кæй фæхуыздæр, кæй фæкъаддæр сты паддзахадон арæнты сæрты æнæзакъонæй ахизыны цаутæ.
Ногæй карзæй æвæрд æрцыдис Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфтысты, уыдон агурыны хъуыддаг фæактивондæр кæныны фарст.
Йæхи рады Евроцæдисæй Женевайы дискусситы æмсæрдар Филипп Лефор банысан кодта Женевайы дискусситы фæлгæтты фембæлдтытæ дарддæр кæнын кæй хъæуы, уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Уый сæрмагондæй загъта, зæгъгæ, «мах Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн стæм æхсæны адæймæгтæ æмæ архайæм, цæмæй уæм цæсгомджын æхсæны адæймæгтæ, цæмæй ныл æууæндой. Ныфсбавæрæн ис, махæн нæ бон кæй у размæ æвæрццагæй цæуын дæр æмæ гуманитарон фарстатыхаххыл дæр».
Фембæлды ма уынаффæ цыдис гуманитарон характер кæмæн уыдис, ахæм фарстатыл дæр.
Цхинвал, 2011 азы, 17 февраль