Цалынмæ Хуссар Ирыстоны 2008 азы майрæмты мæйы гуырдзиаг хæстон агрессийы амæттæгты номыл мысæн мадзæлттæ цæуынц, уæдмæ НАТО-йы бæстæтæн фæзынд иумæйаг фидиуæн, цыран нысан кæнынц, ома, Уæрæсе йæхи цæттæ кæны Хуссар Ирыстоны аннексимæ.
Бритайнаг хицауады сайтыл Великобритани, Франци, Германи æмæ Италийы номæй мыхуыргонд документы «коллективон Ныгуылæн» радон хатт бафæлвæрдта факттæ сзыгъуыммæ кæнынмæ, уый нымæцы Тальявинийы къамисы куысты фæлгæтты сæхæдæг европæйæгтæ цы сфидар кодтой, уыдон дæр.
Ныгуылæны ахæм дывæр стандартты политикæ Гуырдзыстоны хæцæнгарзæй ифтонг кæнынимæ иумæ æркодтой трагедимæ. Фæлæ Ныгуылæны нæ цымыдис кæнынц амæттæгтæ – сæ интерестæ сын сты ахсджиагдæр адæймаджы цардтæй.
2008 азы майрæмты мæйы агрессоры сабырадмæ æркæныны, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгты æмæ фидауынгæнджыты бахъахъхъæныны фæдыл Уæрæсейы архайды фæрцы абоны бон Хуссар Ирыстоны ис стабилондзинад. Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уый фæстæ фæзынд ахастыты ног формат, кæцымæ гæсгæ æмгуыстад бындуриуæг кæны æхсæнадæмон барады æмæ дывæрсон бадзырдадтыл социалон-экономикон, культурон, политикон фадгуыты, афтæмæй ма æдасдзинад æмæ регионы стабилондзинад бахъахъхъæныны фарстаты дæр.
«Оккупацийы æндæргтæ» агурыны бæсты Ныгуылæнæн хуыздæр уаид йæхи проблемæтæм æрæвналын, кæцытæ фагæй фылдæр сты европæйаг бæстæты. Æцæг хъæугæ къахдзæф уаид регионы сæвзæргæ уавæрыл сразы уын æмæ Фæскавказы æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы 'рдæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документ бафыссын.
Хуссар Ирыстонæн, куыд нымад паддзахадæн, ис цыфæнды æхсæнадæмон бадзырдадтæ быфыссыны бар дæр.
2008 азы майрæмты мæйæ рацыд 18 азы, кæцытæ Фæскавказы фæивтой геополитикон уавæр, æмæ ууыл афон у алкæмæндæр сразы уын. Нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм Хуссар Ирыстоны тыххæй сæ цардтæ чи радта, уыцы хæстонты раз.
2026 азы майрæмты мæйы 8-æм бон