Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланимæ

Встреча А.М. Джиоева и А.М. Елбакиева
Встреча А.М. Джиоева и А.М. Елбакиева

Цыппурсы мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд ацæугæ азы фæстиуджытыл, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæрсон ахастыты æмвæзадæн скодтой бæрзонд аргъ.

Нысангонд æрцыд Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы хайадист ацы азы хуымгæнæны мæйы Абхазы Президент Бадра Гунбайы инаугурацийы церемонийы, афтæмæй ма Республикæ Хуссар Ирыстоны расидтæй 35 азы рацыды цытæн Президенты сæргълæудæй Абхазы официалон делегацийы балц Хуссар Ирыстонмæ. Балцы рæстæджы бафыстæуыд бадзырдадтæ, кæцыты фæрцы æмгуыстад ноджы уæрæхдæр кæндзæн. 

Фембæлд ацыд хæларадон уавæры. Равдыстæуыд цæттæдзинад дыууæ бæстæйы æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн дарддæры æмархайдмæ, афтæмæй ма регионалон стабилондзинад æмæ æдасдзинад сфидар кæныны фæлгæтты уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуыстадмæ. 

2025 азы цыппурсы мæйы 16-æм бон  

16.12.2025