Арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ Симон Боливары Райгуырæн боны цытæн

Венесуэлæйы национ хъайтар Симон Боливары райгуырдæй 242 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы: 

«Ацы ахсджиаг бон Венесуэлæйы адæм арынц зынгæ гоймаг Симон Боливары рухс ном. Адæмон хъайтар уæвгæйæ, уый йæ цард снывонд кодта Латинаг Америкæйы адæмы хæдбардзинады фæдыл тохæн. Фыццаг бынаты æвæрдта ахуырад æмæ монон принципты хъомылад. Симон Боливар историйы ныууагъта арф фæд, дарддæры фæлтæртæн ссис сæрибардзинад æмæ æнгомдзинадмæ тырнынады дæнцæг.

Нæ Республикæйы стыр аргъ кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы 'хсæн сæвзæргæ хæларадон ахастытæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æууæнкдзинадыл. Ныфс дарын Цхинвал æмæ Каракасы ‘хсæн ахастыты дарддæры райрæзт æмæ фидар кæнынадыл нæ бæстæтæ æмæ нæ адæмы хæрзиуæгæн».

Афтæмæй ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ.

24.07.2025