Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ юбилейы цытæн.
Сæрмагондæй, йæ фыстæджы Джиоты Æхсар банысан кодта Виталий Игнатьевы хъæздыг дипломатон фæлтæрддзинад, бæрзонд профессионализм æмæ йæ хъуыддагыл æнувыддзинад, афтæмæй ма Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы ‘хсæн хæларадон ахастыты райрæзтмæ йæ хайбавæрд. Йæ зæрдæ йын загъта фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ дипломатон фадыджы.