Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари ОБСЕ-йы ПА-йы райст декларацийы фæдыл

МИД Южной Осетии

Португалийы ацæугæ ОБСЕ-йы Парламентон ассамблейы 32-æм сессийы декларацимæ Гуырдзыстоны хъæппæрисæй хаст æрцыд хай, цыран сидтæуы Сирийы хицауадмæ, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымад фæстæмæ ист æрцæуа. Ам нæ нымайæм Уæрæсемæ ахæм æрсидтыты нымæц.

Хъыгагæн, нысан кæнæм, Гуырдзыстон цæттæ кæй нæу Фæскавказы регионы уæвæг политикон æцæгдзинад райсынмæ. Советон Цæдис куы ныппырх, уæдæй фæстæмæ 35 азы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстон у суверенон хæдбар паддзахад, æмæ 2008 азæй фæстæмæ та – Уæрæсейы Федераци æмæ ИНО-йы æндæр бæстæтæ-уæнгты 'рдыгæй нымад. Куыдфæнды ма уой Гуырдзыстоны политикон интерестæ, уæддæр уыцы æцæгдзинады ныхмæ цæуæн нæй. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æндæр бæстæтимæ, сæ нымæцы Сириимæ дæр, хæларадон ахастыты фидаркæнынад бынтондæр нæу Тбилисы позициимæ баст.

Бæрæг у, ахæм сыдывд æрсидтытæй официалон Тбилис кæй дарддæр кæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæнадæмон изоляцийы фæдыл провакацион фæлварæнтæ.

2025 азы сусæны мæйы 3-æм бон

03.07.2025