Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 33 азы рацыды цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Приднестровьейы æддагполитикон уагдон бакодта стыр куыст, кæцы ахъаз у республикæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн, паддзахады интерестæ хъахъхъæнынæн æмæ дипломатон ахастыты размæдзыдæн. Абоны бон приднестроваг дипломаттæ уæзгæ хайбавæрд хæссынц сæ Фыдыбæстæйы стабилондзинад æмæ æхсæнадон аренæйы йæ размæдзыды хъуыддагмæ.
Цытджын Виталий Викторы фырт, мах стыр аргъ кæнæм нæ уагдæтты ‘хсæн сæвзæргæ хæларадон ахастытæ æмæ æмархайдæн, кæцыйы бындуры ис кæрæдзийæн зын рæстæджы æххуыс. Фидарæй йæ зонæм, дывæрсон æмгуыстад дарддæр дæр кæй рæздзæн ахæм æвæрццаг фадыджы».