Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары кусæгон балцы фæдыл Брестмæ

Хурхæтæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар кусæгон балцы горæт Бресты уæвгæйæ, фембæлд хуссарирыстойнаг спортсментимæ, кæцытæ хайад исынц Хæдбардзинады Боны цытæн Республикæ Беларусы III Республикæйаг гом турниры. 

Турниры хайадисджытæ сты Уæрæсейы Федераци, Казахстан, Кыргызстан æмæ æндæр бæстæтæй. 

Иу бон раздæр ацыд мадзал бакæныны церемони, кæцыйыл зæлыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн æмæ систæуыд тырыса. Республикæйы ном хæссынц Цхуырбаты Давид, Гæбæраты Алим æмæ Джиоты Марат, тренер – Бестауты Чермен. 

Джиоты Æхсар спортсментæн загъта æнтыстыты фæндиæгтæ. 

РХИ-йы ФХъМ-йы делегаци ма бабæрæг кодта Бресты раззагондæр куыстуæттæй иу – «Гефест-техника», цыран базонгæ заводы куыстимæ. Афтæмæй ма фембæлдысты заводы къухдариуæггæнæгимæ. 

Цымыдисон уыд балц æнæниздзинадхъахъхъæнæн æмæ ахуырадон уагдæттæм, цыран пайда кæнынц медицинон технологиийы раззагондæр технологитæ æмæ ахуырадон стандарттæй. 

Балцы кæронбæттæны РХИ-йы ФХъМ-йы делегаци ссардта Хуссар Ирыстонæй рацæугæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Дриаты Баграт Максимы фырты рухс ном. Фæмард Беларус сæрибар кæныны рæстæджы тугкалæн тохы æмæ ныгæд æрцыд Бресты районы хъæу Чернавчицыйы æфсымæрон уæлмæрды. 

2025 азы хурхæтæны мæйы 26-æм бон

26.06.2025