Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл СДÆК-ы минæвæрттимæ

Встреча А.М. Джиоева с представителями МККК

Æртхъирæны мæйы 11-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл СДÆК-ы Минæвар Агнес Котуйы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд æбæрæгæй фесæфтуæвджыты фæдыл фарстатыл. Нысангонд æрцыд ацы фадыджы куысты ахсджиагдзинад. 

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз æмæ СДÆК-ы Минæварады æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл кусæг Тедеты Марина.

2025 азы æртхъирæны мæйы 11-æм бон

 

11.02.2025