Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари «ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны хæлæртты къорды» фидиуæны фæдыл

МИД Южной Осетии

Цыппурсы мæйы 5-6 бонты Валлетты (Мальтæ) ацыд ОБСЕ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты Советы 31-æм рабадт, кæцыйы фæлгæтты афтæ хуыйнæг ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны хæлæртты къорд (Болгари, Канадæ, Чехи, Дани, Эстони, Финлянди, Исланди, Ирланди, Латви, Литвæ, Норвеги, Польшæ, Румыни, Словаки, Швеци, Украинæ, Великобритани æмæ Америкæйы Иугонд Штатты) номæй радон хатт фидиуæны загъд æрцыдысты бирæ азты дæргъы æнæивгæ, æцæгадæй дард хъуыдытæ. 

«Коллективон Ныгуылæны» минæвæрттæ дард нæ ацыдысты æмæ «Гуырдзыстоны территориалон иудзинад æмæ суверенитет»-ы ‘вварс рахæцыдысты, афтæмæй ма æрсидтысты Уæрæсемæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны банымад фæстæмæ сисой æмæ ракæной сæ гæрзифтонг тыхтæ йæ территорийæ, уыимæ иумæ йæ ма ферох кæной «оккупаци» æмæ «хæстон агрессийы» фæаххосджын кæнын. 

Хуссар Ирыстоны 'рдæм «оккупаци» æмæ «оккупацигонд территоритæ»-йы æмбарынадтæй пайда кæныны æнæрастдзинад иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд фидаргонд, уый нымæцы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы форматы дæр, цыран хайадисæг у ОБСЕ. Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, Гуырдзыстон цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘рдæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ бафысса, уыцы хъуыддагыл бакусыны бæсты Организаци азæй азмæ хæст у «дывæр стандартты» позицийыл. 

Хъыгагæн, нысан кæнæм уый, æмæ фæстаг рæстæг кæцыдæр æхсæнадæмон организацитæ, сайд æмæ политикон пропагандæмæ æмхиц уæвгæйæ, цадæггай фæстæмæ-фæстæмæ цæуынц. Уый хауы ОБСЕ-мæ дæр, кæцы рагæй фæстæмæ фесæфта йæ разæй лæууæг хæсты, фыццаджыдæр, æдасдзинады фарстаты, бæстонæй скъуыддзаг кæныны хъомыс. 

ОБСЕ арæзт цыд куыд организаци, кæцыйы бындуры ис æмсæрдзинад æмæ алкæцы фарсы интерестæ хынцын, фæлæ, хъыгагæн, фесæфта æппæт уыдæттæ. Дарддæр кæнынц «Хуссар Ирыстоны адæймаджы бартæ халыны фæдыл» афтæ хуыйнæг тыхстдзинады фидиуæнты ист, фæлæ иунæг иу хатт дæр загъд не ‘рцыд 2008 азы фыдракæндтæ æмæ сæдæгай сабыр цæрджыты марыны, сырд чи баййæфта, уыцы мингай ирæтты фæдыл. ОБСЕ-йы сæхи дард кæнынц уæвæг æцæг проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæй.  

Æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм «ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны хæлæртты къордæн» сæ зæрдыл æрлæууын кæнын регионы абоны геополитикон уавæр æмæ XX-æм æнусы 90-æм азты æхсæнадæмон барады нормæтæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады расидт. 

Гуырдзиаг националистон тыхты ‘рдыгæй æнæрлæугæ хæстон агрессийы уавæрты ацы уынаффæ ссис иунæг фадат нацийы иудзинад, æвзаг æмæ фидæн бахъахъхъæнынæн. Демократи æмæ сæрибардзинады нормæтæ хынцгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм Конституцийы фидаргонд бартæ æххæст кæнынц, уыдон бындуриуæг кæнынц æмсæр, æмбарад æмæ æндæр сæрмагонд принциптыл. 

Хуссар Ирыстоны 2008 азы майрæмты мæйы трагикон цаутæ, кæцыты бæрндзинад æппæтæй дæр ис Саакашвили æмæ йе ‘ххуысгæнджыты фыдракæнд режимыл, уыдон нымæцы афтæ хуыйнæг ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны хæлæртты къорд. Уый фæдыл Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад æрæвæрдта ног бындур нæ адæмы размæдзыдæн. 

Уæрæсейы Федераци у Хуссар Ирыстоны æдасдзинады иунæг гарант. Регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынмæ тырнгæйæ, дывæрсон æхсæнадæмон барадон документтыл бындуриуæг кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци размæ кæнынц æмгуыстад алы фадыджы дæр. 

Цыппурсы мæйы 6-æм бон Министериалы «ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны хæлæртты къорд»-ы ‘рдыгæй цы тезистæ загъдæуыд, уыдон нымайæм иуфарсон, сыдывд, æцæгадæй дардыл, æмæ сидæм Хуссар Ирыстоны ‘рдæм стырдæр бæрндзинадмæ. 

Цхинвал, 2024 азы цыппурсы мæйы 18-æм бон

 

18.12.2024