Арфæйы фыстæг Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Ректор А.В. Яковенкомæ юбилейы цытæн

А.В. Яковенко

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Ректор А.В. Яковенкомæ юбилейы цытæн. 

Йæ арфæйы Джиоты Æхсар стыр аргъ скодта æхсæнадæмон ахастыты фадыджы специалистты ног фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддагмæ Александр Яковенкойы хайбавæрдæн. Министр банысан кодта, Александр Яковенкойы къухдариуæгады бын Академи кæй хæссы Уæрæсейы æмæ фæсарæнты ахуырад æмæ зонадон иртæстыты раззагондæр центртæй иуы ном. Афтæмæй ма Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстонæн дипломатон кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ æгæрон хайбавæрды фæдыл. 

 

21.10.2024