Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг Хъуыддæгты Министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг
2011 азы 7-8 августы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæтты алы ран дæр Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы æртыккæгæм азы сæххæсты боны фæдыл уагъд æрцыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ.
Республикæ Хуссар Ирыстонæн Мæскуыйы цы Минæварад ис, уым зæрдылдарæн мадзæлттæ райдыдтой 7 августы, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Цхинвалы артиллерии интенсивонæй æхсын куы райдыдта, уыцы афон-23 сахаты æмæ 35 минутыл.
Минæварады дæлæмæ уагъд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Падздзахадон тырыса, расидт æрцыдис иу минуты æмгъуыдмæ æмырæй алæууын æмæ сыгътой номарæн цырæгътæ.
Минæварадмæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Цæгат Ирыстон-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Тототы А. Б., змæлд « Россия молодая-йы активисттæ, Мæскуыйы горæты æхсæнады минæвæрттæ, цæмæй 2008 азы августы трагикон æгъдауæй чи фæмард, уыдонæн цытимæ сæ ном рымысыдаиккой.
8 августы Минæварады дарддæр цыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ. Уыцы бон ма,цæмæй Хуссар Ирыстонæй хæсты амæттæгты чи баисты, уыдонæн сæ ном рымысыдаиккой, уый тыххæй Минæварадмæ бацыдысты УФ Падздзахадон Думайы минæвæрттæ, Мæскуыйы аккредитацигонд чи сты, уыцы дипломатон корпусы, Ирон диаспорайы,æхсæнады минæвæрттæ, Æрыгон гвардийы-йы организацийы уæнгтæ УЛДП фæсивæды иу хай æмæ æндæр æвзонгадон баиугæндты минæвæрттæ, уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.
Уыцы бон ма Преображенскийы дзуары Ирвæзынгæнæг Чырыстийы аргъуаны æххæст æрцыдис æнæаххосæй мард чи фесты, республикæйы уыцы æмбæстæгты, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг уæрæсейаг фидауынгæнджыты, Уæрæсейы æфсады, Гуырдзыстоны агрессийы ныхмæ чи тох кодтой, Уæрæсейы уыцы æфсæддонты æмæ афицерты тыххæй æххæст æрцыдис панихида.
Минæварадмæ организацийы къухдариуæгджытæ, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ барвыстой тæфæрфæсы телтæ, кæцыты зæгъынц мæсæллæйтæ æмæ ныфсдæттæг ныхæстæ.
Сухумы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварадмæ 8 августы, боны дæргъы бацыдысты бирæ адæм. Уыдон æрымысыдысты гуырдзиаг къухæй чи фæмардысты, уыдон ном, Хуссар Ирыстоны адæмæн дзырттой фарсхæцæн ныхæстæ æмæ сæ хъуыдытæ фыстой Мысæн чиныгы. Минæварады уазджыты `хсæн уыдысты Республикæ Абхазы президенты бынатмæ кандидаттæ, Парламенты æмæ Хицауады минæвæрттæ, Абхазы Уæрæсейы чрезвычайон æмæ æххæстбарджын Минæвар,Абхазы Преднестровейы Минæвар, зонадон æмæ æхсæнадон уагдæтты минæвæрттæ, Абхазы уырыссаг Конгрессы минæвæрттæ, æхсæнады минæвæрттæ.
Тирасполы Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон минæварады кусджытæ ПМР хицауадимæ, Приднестровьейы Абхазы Минæварады кусджытимæ, æхсæнадон организациты минæвæрттимæ дидинджытæ сывæрдтой столицæйы Кады Мемориалыл, иу минут æмырæй алæууынæй ссардтой Хуссар Ирыстоны чи фæмард,уыдон ном æмæ ссыгътой цырæгътæ.
Цхинвал, 9 август 2011 аз