Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 16 азы рацыды фæдыл арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Минæварады номæй

Южная Осетия и Россия

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 16 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ æрбацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Федерацийы Минæварады номæй арфæйы фыстæг, кæцыйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон кæрæдзимæ нотæты арвыст нæ паддзахадтæн ссис æцæг историон цау, кæцы дзурæг уыд дывæрсон ахастыты æмæ Хуссар Ирыстоны куыд хæдбар æмæ суверенон паддзахады размæдзыды ног æмвæзад».

09.09.2024