Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны 2008 азы августы хотыхджын агрессийыл æртæ азы сæххæсты фæдыл

2011 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты уагъд цæуынц мысæн мадзæлттæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл æртæ азы сæххæсты сæраппонд.
Æртæ азы размæ 7 августæй 8 августмæ æхсæвы Гуырдзыстон мæнгардæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ.Гуырдзыстоны хицауиуæгады хъуыдыйы уыдис æвирхъау циникон. Цалынмæ æнæхъæн дуне Пекины сæрдыгон Олимпион йæ хъус дардта,уæдмæ натойы стандарттæм гæсгæ цæттæдзинад чи райста,уыцы гуырдзиаг æфсад,æрвырттывдау таггъд чи хъуамæ уыдаит,ахæм фæцæфæй бафæлвæрдта Хуссар Ирыстоны территории бацахсынмæ.Гуырдзыстоны хицауиуæгадæн блокадæ æмæ террорæй ирæтты йæ дæлбар бакæнын куынæ бантыстис,уæд сфæнд кодтой зæххы цъарæй сæ скуынæг кæнын.Фæлæ гуырдзиаг блицкричы плантæ нызгъæлæнтæ сты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады тыхтæ æмæ уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты фидардзинад æмæ хъайтардзинады тыхтыл.Æртæ æхсæв æмæ боны дæргъы Цхинвалы хъахъхъæнджытæ урæдтой,сæ нымæцмæ гæсгæ бирæ фылдæр чи уыдысты ныхмæлæуджыты уыцы тыхты.Ирон хæстонтæ,фыццаг æнæмсæр тохы бацæугæйæ,хъайтарон тох кодтой алы хæдзар Райгуырæн бæстæйы зæххы алы метры сæраппонд.

Гуырдзыстоны æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы ныфсджын хифæхæццæ кæнын æртасын кодта сабырадон операции сæххæст кæнынмæ æмæ фервæзын кодта Хуссар Ирыстоны адæмы бынтондæр сæ скуынæг кæнынæй.

Хъыгагæн констатаци кæнын бахъуыдис уый æмæ ацы хæстон агресси саразынæн фадат æрцыдис Гуырдзыстоны амбицитæн къорд бæстæйы,уыцы нымæцы АИШ æппæтфарсонæй фарсхæцынады фæстиуæгæн æмæ абоны онг дæр ма дунеон æмæхсæнад æвзæрыл нæма банымадта Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдтытæ,кæцыты фæстиуæгæн æрцыдысты бирæнымæц адæймæгты зиæнттæ æмæ пырхæнтæ.Уый нæ,фæлæ ма АИШ паддзахадон секретарь Хилари Клинтоны 2010 азы июлы Гуырдзыстоны визиты куы уыдис,уый фæстæ дунеон политикæйы фæзындис ног термин,кæцыйæ бынтондæр æнæбындурæй пайда кæнынц Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ ахасты,куыд «оккупацигонд территоритæ»,афтæ.

Хайди Тальявинийы сæргълаеудаей Евроцæдисы хæдбар къамис цы доклад сарæзта 2008 азы августы хæст райдайыны аххосæгты тыххæй, уым дзырдæуы зæгъгæ, растдæр Гуырдзыстон райдыдта хæстон архайддытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Æмæ агрессии Гуырдзыстон кæй райдыдта, уыцы факт бæлвырд æрцыдис, уæддæр ныгуылæйнаг хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон техникæйы Гуырдзыстоны дарддæр дæр ифтонг кæнынц, уæддæр иуварсыгæй райсгæ факты бындурыл кæй райстой, уыцы резолюцийы бæлвырд кæнынц, зæгъгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз сты « оккупацигонд территоритæ». Факты ахæм нæуынынад ссис, æцæгæй цы реалитæ ис, уыдонмæ фидыды цæстæй кæсын æмæ уый аххосæй Гуырдзыстон кæны къæйныхæй-къæйныхдæр æмæ кæй зæгъынæй хъæуы, уый нæ ахъаз кæндзæнис регионы сабырад æмæ стабилондзинадæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2008 азы августы трагикон цауты æртыккæгæм азы бон нысан кæны сиды дунейы æппæт падздзахаддæм, цæмæй æвзæрыл банымайой Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессиийы æмæ ахъаз кæной аххосджынты бæрдзинадмæ æркæнынæн. Уый та Фæскавказæн æрхæссдзæнис бирæ рæстæг кæнæ ынхъæлмæ кастæуы уыцы сабырад.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон хотыхджын агрессийы райдийаны æртыккæгæм уохыл уагъдцæуæг зæрдылдарæн мадзæлддæ ма уагъд æрцæудзысты, Хуссар Ирыстонæн Мæскуыйы, Сухумы æмæ Тирасполы цы минæвæрддæ ис уыдыноны дæр.

Цхинвал, 8 август 2011 аз

08.08.2011