2011 азы 29июлы АИШ Сенат райста резолюци «Сенаты ахаст Гуырдзыстоны чи цæуы,уыцы территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет халындзинад цауты тыххæй»,кæцы сиды «Гуырдзыстоны территорилон æнæхъæндзинад æмæ хæдбардзинадæн аргъ кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ» æмæ æвзæрыл нымайы Уæрæсейы архайд,цыма йынуый халы йæ æнæхъæндзинад.
Америкæйаг сенатортæ ногæй равдыстой сæ политикæ «хион» æмæ «æттагон»-ы принципмæ гæсгæ аразыны фарсхæцæг кæй у,уый.Диссаг у ахæм факт æмæ АИШ сенаторты,Гуырдзыстоны тыххæй резолюци исгæйæ фыддæрадæн кæй нæ бафæндыдис конфликты ратæдзæнтæ æмæ хъуыды бамбарын.
Резолюцийы та ногæй нысан цæуы Гуырдзыстоны æнæхъæндзинадæн аргъ кæныны æнæмæнгхъæуындзинад,кæцымæ Хуссар Ирыстонæн æмæ уæлдайдæр та Уæрæсейæн кæй ницы ахаст ис.Ныртæккæйы реалондзинады фундаменталон элементтæй сæ иу у уый æмæ паддзахадæн фадат кæй ис,цæмæй йæ хъысмæт скъуыддзаг кæна,йæхæдæг æй куыд æмбары,ахæм хъуыдытыл æнцой кæнгæйæ.Уымæй къухдариуæг кодтой Хуссар Ирыстоны адæм дæр æмæ ацы фæндондзинад-хæдбардзинадмæ тырнынад бирæ хæттыты сбæлвырд кодтой,1992 азы,2001 азы æмæ 2006 азты кæй ауагътой,сæ уыцы референдумты.Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоны территоримæ закъонон бартæ никуы уыдис,кæцы 1922 азы,ирон адæмы æвæндонæй иугонд æрцыдис Гуырдзыстоны ССР скондмæ.XX æнусы Гуырдзыстон дыууæ хаты (1920 æмæ 1989-1992 азты)ирон адæммæ ахасты сæххæст кодтой этникон æгъдауæй сæ асыгъдæг хъуыддаджы,куыд Гуырдзыстонæн йæхи территорийыл,афтæ Хуссар Ирыстоны дæр.Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны ССР сконды цы рæстæджы дæргъы уыдис,уым тбилисаг хицауиуæгад уагътой дискриминацийы,культурон геноциды,тыхæй ассимиляцийы,ирæтты бартæ æмæ сæрибардзинад дæлдзиныг кæныны политикæ.1921 азæй фæстæмæ райсгæ æппæт паддзахадон актты денонсацийæ 1990 азы Гуырдзыстон скуынæг кодта,Хуссар Ирыстон йе сконды цæмæй уыдаит,уый паддзахадон-барадон бындуртæ иууылдæр.Хуссар Ирыстон йæ суверинитет дунеон барадмæ гæсгæ сарæзта ССРЦ фехæлды фæстæ.
Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн конфликты кульминаци ссис 2008 азы Гуырдзыстон кæй сарæзта,уыцы агресси,кæцыйы гуырдзыстоны æфсад æххæст кодтой сабыр цæрджытæм ахасты æгъатыр сырдон æгъдауыл,тыхмитæ аразгæйæ.Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта,уый уыдис,Хуссар Ирыстонæн æдасдзинад чи ифтонг кодта,иунæг ахæм раст къахдзæф.Уæрæсейаг æфсæддон контингент Хуссар Ирыстоны йæ хæстæ æххæст кæны дывæрсыг бадзырдты бындурыл æмæ ницы хуызы нæу «оккупант»,америкæйаг сенатортæ йæ куыд бæлвырд кæнынц,афтæ.Уый абоны бонмæ у сабыр цард кæныны гарант æмæ стыр бавæрд хæссы Республикæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинадмæ.Куыд зыны,афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы хъысмæт америкæйаг сенаторты бынтондæр нæ тыхсын кæны.Æвæццæгæн æцæгæй нæ цымыдис кæнынц,лигъдæтты проблемæтæм дæр.Резолюцийы,æгæр стæмæй,Гуырдзыстонæй кæй фæсырдтой,уыцы 100 мин ирон лигъдонæн не скодтой сæ кой дæр.Уый нæ,фæлæ АИШ хицауиуæгад æрæджы радон хатт визæтæ нæ радта Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн,кæцытæн сæ бон уыдис БНО радзырдтаиккой лигъдæтты фарсты æмæ йæ рæстагæй аскъуыддзаг кæныны проблемæты фæдыл сæ паддзахады позици.
АИШ сенатортæ ма зæгъынц сæ фарсхæцынады тыххæй,цыма Гуырдзыстоны хицауады æмæ де-фактоХуссар Ирыстон æмæ Абхазы регионты хицауадты ‘хсæн цы конструктивон æмархайд ис,уый лæууы æцæгдзинады ныхмæ.
Райсгæ резолюцийæн,æмтгæй,фылдæр ис пиар-акцийы характер,Гуырдзыстоны фарсхæцынады демонстраци,фæлæ,æвæццæгæн,ахæм хъусынгæнинæгтæ ницы ахъаз фæуыдзысты регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн.Гуырдзыстоны ныры хицауиуæгадæн æхæм акцитæ сты сæ реваншистон архайдтытæн сын бар дæттыны хуызæн.Афтæмæй Хуссар Ирыстон,Абхаз æмæ Уæрæсемæ ахасты алырдæм ахъуыдыгонд политикæйы бæсты пайда кæнынмæ хъавынц æртхъирæнтæ æмæ провокацитæй архайынмæ,кæцытæн сæ бон у æмæ та фехалой цы сæртæг сабырад бафтыдис къухты,уый дæр.
Цхинвал, 1 август 2011 аз