2023 азы цыппурсы мæйы 5-6 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Коцты Константин.
Фембæлды хайадисджытæ загътой сæ иумæйаг хъуыды Женевæйы дискусситы ахсджиагдзинады фæдыл æмæ банысан кодтой, ахъаз кæй сты регионалон æдасдзинадæн.
Дискусситæ цыдысты дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстыты фæдыл.
Фыццаг кусæгон къорды уæлдай хъусдард аздæхтæуыд регионалон æдасдзинады уæвæг фарстытæм. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæныл уавæр бæрæггонд æрцыд куыд стабилон, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ æндыгъд.
Гуырдзиаг фарсæрдыгæй провокацитæ, паддзахадон арæны сæртыл æнæзакъонæй рахызтытæ кæй дарддæр кæнынц, æмæ уый фæдыл ахсджиаг кæй у паддзахадон арæны хахх банысан кæнын, уымæ аздæхта хайадисджыты хъусдард хуссарирыстойнаг делегаци. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны делегаци ногæй æрсидт гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй æрæвналой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны иумæйаг делимитаци æмæ демаркацимæ.
Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы хæстон-политикон æмгуыстад уæрæх кæнынмæ æмæ сыхаг паддзахады территорийыл Цæгататлантикон хæстон альянсы уæвынады рæзтмæ, кæцы тæссагдзинад æвзæрын кæны регионалон стабилондзинад æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн.
Дискусситы хайадисджыты хъуыдымæ гæсгæ, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документы проектыл куыст нал размæ кæны, фæлæ хуссарирыстойнаг фарс æрсидт, цæмæй ацы ахсджиаг фадыджы дзырд дарддæр дæр цæуа.
Ногæй нысангонд æрцыд Женевæйы дискусситы фæлгæтты Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы сырæзты æмæ уæвæг «тæвд хахх»-ы ахсджиагдзинад.
Гуырдзиаг хайадисджыты деструктивон позици æмæ хуссарирыстойнаг, уæрæсейаг, абхазаг фарсырдæм гуырымыхъхъ æфхæрдтытæм нæкæсгæйæ, дыккаг кусæгон къорды фæлгæтты хуссарирыстойнаг делегаци æрдзырдта ахадгæ фарстытыл, сæ сæйрагдæр – Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны хъысмæт. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны ныры хицауады фидар ныфсытæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны хъуыддаджы не ‘ндавынц куысты фæстиуджытыл. Уымæй дарддæр ма нысангонд æрцыд, ацы фадыджы размæ къахдзæф хорзырдæм кæй бандавдзæн сыхаг паддзахадты ‘хсæн æууæнкдзинад ныффидар кæныныл æмæ Женевæйы дискусситы цыдыл.
Гуырдзыстон кæй халы ирæтты – Хъазыбеджы районы (Тырсыгом) цæрджыты бартæ, кæдонæн цалдæр азы дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын, уый тыххæй та ногæй загъд æрцыд.
Сæ хъуыдытæ загътой æндæр гуманитарон фарстыты фæдыл дæр.
Лигъдæтты проблемæйы фæдыл ацы раунды дискусси нæ ацыд. Лигъдæтты темæйыл ныхас сног кæныны фадат уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон æрлæууын кæна ацы проблемæйы аразгæ политизаци.
Дискусситы радон раунд нысангонд æрцыд 2024 азы хуымгæнæны мæймæ.
Женевæ, 2023 азы цыппурсы мæйы 7-æм бон