Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевы телефоны ныхасы тыххæй

Ахсар Джиоев и Виталий Игнатьев

Æртхъирæны мæйы 24-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар телефоны ныхас кодта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевимæ. 

Ныхас цыд дывæрсон æмгуысткæнынады актуалон фарстытыл, нысангонд æрцыд хуссарирыстойнаг-приднестроваг ахастыты дарддæры райрæзты ахсджиагдзинад.

Дыууæ фарсыл дæр бандæвта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы алыварс уавæр æндыгъд кæй кæны, уыйУæвæг баныхасты формат æнæмæнгæй хынцыны æмæ фарстытæ сабырадон фæрæзтæй скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы хæст сты иу хъуыдыйыл. Нысангонд æрцыд молдо-приднестроваг уавæр æрбæстон кæнынæн Уæрæсейы Федераци цы сабырадон хæс æххæст кæны, уый.

Хуссар Ирыстоны сты Приднестроваг Молдаваг Республикæйы хицауады архайды ‘вварс, кæцы здæхт у бæстæйы сабырдзинад бахъахъхъæнынмæ.

Цхинвал, 2023 азы æртхъирæны мæйы 24-æм бон

24.02.2023