Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг РХИ паддзахадон арæн режим фехалыны тыххæй

2011 азы 18 æмæ 19 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ хæстæг æрцахстæуыдис Гуырдзыстоны дæс æмбæстæджы, кæцытæ фехæлдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæныл ахизыны режим. Семæ ныртæккæ хуссарирыстойнаг æмбæлон службæты кæнынц слестгæнæн куыст æмæ куы фæуой, уæд æрмæджытæ æрвыст æрцæудзысты тæрхондонмæ. Кæд æмæ Гуырдзыстоны ацы æмбæстæгтæ ахст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны территорийыл, арæнæй иу километр æмæ æрдæгы бæрц мидæгдæр, уæддæр Гуырдзыстоны официалон органтæ, уыцы нымæцы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр, парахат кæнынц мæнг информаци, Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты аххосджын кæнынц «сабыр цæрджыты аскъæфыны».

Æвзæры ахæм тæлмæн æмæ Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæныл æнæзакъонæй хизыны алы ахæм фактæй дæр пайда кæны, цæмæй Уæрæсейы Федерацийыл бакалой радон порцийы æнæбындур аххосаг æмæ тæригъæддаг хуыз равдисгæйæ бахатой дунеон æмхæларадмæ, цæмæй бандавой Уæрæсейыл уый тыххæй. Сæрмагондæй та уый æмæ Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2011 азы 20 июны цы хъусынгæнинаг сарæзта, уым та ногæй сиды дунеон æмхæларадмæ, цæмæй «Уæрæсейæн раттын кæной Хуссар Ирыстоны территоримæ дунеон хъусдарджыты мисси бауадзыны бар».

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, Гуырдзыстоны ахæм позицийæн рæстдзинадимæ иумиагæй бынтондæр кæй ницы ис. Республикæ Хуссар Ирыстон у суверенон паддзахад æмæ æппæт фарстатæ дæр, уыцы нымæцы арæнты тыххæй дæр уынаффæ кæнын хъæуы йæ хицауидæгадимæ. Барæй æрымысæккаг у, Гуырдзыстон афтæ кæй зæгъы, цæмæй дунеон æмæхсанадæн бауырнын кæна Гукырдзыстоны «оккупаци» æмæ «оккупацион тыхтæ» æмæ йæ нысан та у провокацион. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, адæймаджы бартæ ницы хуызы нæ халгæйæ, æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæн хъахъхъæныны хъуыддаг сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ иумæ дывæрсыг æхсæнпаддзахадон фидыд æххæст кæныны нормæтæм гæсгæ æмæ уый та дзуапп дæтты дунеон барады нормæтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны ацы инциденты тыххæй æмæ паддзахадон арæны æндæр ахæм халындзинады режимы тыххæй дзуаппдæттæг кæй у Гуырдзыстоны хицауиуæгад, кæцытæ ницы барæнтæ исынц, цæмæй се ‘мбæстæгтæ ма уадзой Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ æмæ сын барæй нæ дæттынц информаци, паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый тыххæй.

Цхинвал, 21 июнь 2011 азы

21.06.2011