Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн информацион-культурон центрты уагдæттæ аразын æмæ уыдон архайды уавæрты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,

культурон æргъадтимæ æмхуызон зонгæ кæнын, бахахъхъæнын, æмхуызон сæ фæхъæздыгдæр кæнын æмæ се ‘хсæнуæвæг традицион бастдзинæдтæ рæзын кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты цымыдисдзинад хынцгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы политикон, экономикон, культурон, зонадон æмæ ахуырадон процестæ рæзын кæныны къабазы æхсæнадæн информаци дæттыны хъуыддаг фæбæрзонддæр кæнынæн стыр нысаниуæг дæтгæйæ,

гуманитарон, культурон, зонадон-техникон æмæ информацион бастдзинæдты дыууæфарсон рæзтæн ахъаз кæнынмæ тырнгæйæ,

2008 азы 17 сентябры арæзтæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзион æххуысы тыххæй Бадзырды уагæвæрдтæй къухдариуæггæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Хуссарирыстойнаг Фарс сахар Мæскуыйы аразы Хуссарирыстойнаг зонад æмæ культурæйы центр, Уæрæсейаг Фарс та сахар Цхинвалы аразы Уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центр (дарддæр – центртæ).

Дыууæ Фарсæн сæ бон у æмæ кæрæдзиимæ бадзырдтæм гæсгæ бакæной центрты хайадтæ, кæм уæвынц, уыцы паддзахады æндæр горæтты дæр.

Центрты архайд арæзт цæуы дунеон барадон нормæты, ацы Фидыды уагæвæрдты бындурыл æмæ кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац 2

Сахар Мæскуыйы уæвæг Хуссарирыстойнаг зонад æмæ культурæйы центр йæ архайд æххæст кæны Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон минæварады сæргълæууæджы иумиаг къухдариуæгады бын.

Сахар Цхинвылы уæвæг Уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центр йæ архайд æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы дипломатон минæварады сæргълæууæджы иумиаг къухдариуæгады бын.

Сахар Цхинвалы уæвæг Уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центры уæвынад ифтонг кæны Хæдбар Паддзахадты Æмхæларад, фæсарæнты цæрæг æмфыдыбæстæйонты, æмæ дунеон гуманитарон æмгуыстады фæдыл Федералон агентад.

Уац 3

Центртæн сæ бон у, сæ архайд æххæст кæныны нысæнттæн аразой комкоммæ бастдзинæдтæ министрадтæ, æндæр паддзахадон уагдæттæ æмæ организацитимæ, паддзахадон хицауиуæгад æмæ бынæттон хиуынаффæйады органтимæ, æхсæнадон æмæ æнæкоммерцион организацитимæ, афтæ ма кæм уæвынц, уыцы паддзахады æмбæстæгтимæ, кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Центртæн сæ бон у æмæ уадзой мадзæлттæ сæхи агъуыстытæн æддейæ дæр, кæм уæвынц, уыцы паддзахады компетентон органты сразыдзинад æмæ йæ закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац 4

Центртæ пайда кæнынц юридикон цæсгомы бартæй, кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац 5

Центрты бындурон хæстæ сты:

дыууæфарсон гуманитарон, культурон, зонадон-техникон æмæ информацион æмгуыстады программæтæ реализаци кæныны хайад исын;

хи паддзахады политикæ æххæст кæныны хайад исын, кæцы здæхт у фæсарæнты цæрæг æмфыдыбæстæйонтæн æххуыс кæнынмæ, сæ закъонон бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнын сын сифтонг кæныны нысæнттæн – социалон культурон сферæйы, ахуырад æмæ æндæр фадгуыты къабазы, сæ дарддæры консолидацийæн ахъаз кæныны, сæ мадæлон æвзаг, национ-культурон хæдгъуыздзинад бахъахъхъæныны, Дыууæ Фарсы паддзахадты организациты алыварсон бастдзинæдтæ рæзын кæныны фæсарæнты уæвæг æмфыдыбæстæйонтæ æмæ сæ баиугæндтимæ;

кæм уæвы, уыцы паддзахады æхсæнады йæ паддзахады истори æмæ культурæ, мидæггагон æмæ æддагон политикæ, цаутæ, йæ æхсæнадон æмæ экономикон царды цæуæг хабæрттимæ зонгæ кæнын;
дыууæ бæстæйы паддзахадон æвзæгтæ ахуыр кæнынæн ахъаз кæнын;

дыууæ паддзахады зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстад рауæрæхдæр кæнынæн хæрзиуæгон уавæртæ саразыны интерестæн центрты информацион фадæттæй пайда кæнын;

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы горæттæ æмæ регионты ‘хсæн партнерон ахастыттæ аразын æмæ рæзын кæнынæн ахъаз кæнын;

Республикæ Хуссар Ирыстонмæ хæстæг уæрæсейаг регионтæй арæнгæрон æмгуыстадмæ чи цымыдис кæны, уыдонимæ культурон, зонадон-техникон æмæ информацион потенциалæй пайда кæнынæн ахъаз кæнын;

культурæ, зонад æмæ техникæйы къабазы информацион-рекламон куыст организаци кæнын.

Уац 6

Центртæ, æвæрд сыл чи ис, уыцы хæстæм гæсгæ:

аразынц информацион бæлвыргæнæн фондтæ æмæ зонæнты бангтæ, сæ паддзахадты культурон, зонадон-техникон, æхсæнадон-политикон æмæ экономикон рæзты фæдыл, уадзынц конференцитæ, симпозиумтæ, семинартæ æмæ консультацитæ дунеон гуманитарон, зонадон æмæ культурон æмгуыстады проблемæты фæдыл;

æххæст кæнынц информацион æмæ консультацион лæггæдтæ, кæм уæвынц, уыцы паддзахады цымыдисгæнæг организацитæ æмæ æмбæстæгтæн, сæ паддзахадты культурон-рухсадон, зонадон æмæ ахуырадон организацитимæ контакттæ аразыны фарстаты фæдыл;

кæм уæвынц, уыцы паддзахадты иугæндзон цæрæг æмфыдыбæстæйонты ‘хсæн кæнынц культурон-рухсадон æмæ информацион куыст, аразынц бастдзинæдтæ сæ баиугæндтимæ;

организаци кæнынц аивадон коллективтæ æмæ хицæн æххæстгæнджыты концерттæ, теле æмæ киноравдыстытæ;

уадзынц фоторавдыстытæ, аивадон уацмыстæ æмæ адæмон сфæлдыстады куыстыты равдыстытæ, чингуыты равдыстытæ;

сæ архайды алыгъуызон фæдыздæхтыты аразынц æхсæнадон советтæ æмæ клубтæ, уыдоны куыстмæ бынæттон æхсæнадон минæвæртты, зонад æмæ культурæйы зындгонд архайджыты, афтæ ма фæсарæйнаг минæварадты, дыууæ паддзахады организациты, дзыллон-информацийы фæрæзты минæвæртты бакæнгæйæ;

организаци кæнынц курсытæ сæ паддзахадты цæрæг адæмты националон æвзаг æмæ культурæ ахуыр кæныны фæдыл, методикон æххуыс кæнынц зонадон кусджытæ, æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн, бынæттон зонадон организацитæ æмæ ахуырадон уагдæтты кусджытæн;

ахъаз кæнынц сæ паддзахадтæм, кæм уæвынц, уыцы паддзахады æмбæстæгты равзарын æмæ ахуыр кæнынмæ арвитынæн;

æххуыс кæнынц, цы паддзахадты уæвынц, уым сæ паддзахадты ахуырадон уагдæтты рауагъдонты ассоциацитæ æмæ клубты куыстæн, ахъаз кæнынц ахæм ассоциацитæ æмæ клубтæн уыцы ахуырадон уагдæттимæ бастдзинæдтæ фидар кæнынæн, афтæ ма организаци кæнынц семинартæ, кæм уæвынц, уыцы паддзахады рауагъдонтæн;

ифтонг кæнынц центрты библиотекæтæ æмæ æндæр информацион службæты куыст, кæм уæвынц, уыцы паддзахады цымыдисгæнæг организацитæ æмæ æмбæстæгтæн;

æмгуыстад кæнынц æнæхицауадон организацитимæ, хæларадон ассоциацитæ æмæ æхсæнадтимæ, ахуырадон уагдæттимæ, кæм уæвынц, уыцы паддзахады культурон æмæ зонадон уагдæттимæ, æртыккаг бæстæтты культурон-информацион центртимæ.

Центртæн сæ бон у æмæ æххæст кæной архайды æндæр хуызтæ дæр, кæцытæ дзуапп дæттынц ацы Фидыды нысæнттæн, кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац 7

Дыууæ Фарсы ифтонг кæнынц центрты уадзгæ мадзæлттæм æхсæнады æнæкъуылымпы бацыд.
Дыууæ Фарсы исынц æнæмæнгхъæуæг барæнтæ центрты агъуыстытæ, уыцы агъуыстыты уæвæг персонал æмæ сæ уадзгæ мадзæлтты æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл.

Уац 8

Центрты архайды нысан нæу æфтиаг райсын. Уый æмрæстæджы сæ дарыны æмæ сæ уæвынады фæдыл хæрдзты иу хай бамбæрзыны охыл сæ бон у:

кæй организаци кæнынц, уыцы мадзæлттæм бацæуыны тыххæй, æвзаг амонæн курсыты ахуыр кæныны æмæ сæ архайды æндæр хуызтæ æххæст кæныны тыххæй аргъ исын;

периодикон мыхуыры рауагъдтæ, каталогтæ, афишæтæ, программæтæ, чингуытæ, нывтæ æмæ репродукцитæ, цавæр информацион фæрæзмæ гæсгæ æрцыдысты фыст, уымæ æнæкæсгæйæ фыстæрцæуæг аудиовизуалон æмæ дидактикон æрмæджытæ уæй кæнын, кæцытæ хауынц сæ ауадзгæ мадзæлттæм, æрмæстдæр ахæм уавæрты, кæд æмæ нæ халынц базар кæныны фæтк, кæм уæвынц, уыцы паддзахады хъалонтæ æмæ æндæр закъондæтынадтæ, афтæ ма интелектуалон исады бартæ дæр.
Афтæ ма центртæн гæнæн ис æмæ уа цы агъуыстыты уæвынад кæнынц, уым чингуытæ æмæ сувениртæ уæйгæнæн киосктæ, æрбацæуæг уазджытæн балæггад кæныны тыххæй кафетæ æмæ кафетеритæ.

Уац 9

Дыууæ Фарсы æмразыдзинады уавæрты ахъаз кæнынц, чи хъæуы, кæрæдзийæн ахæм зæххы фадгуытæ радтынæн, афтæ ма центртæн агъуыст арендæйы райсын, балхæнын кæнæ аразынæн, кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Центртæн агъуыстытæ (бæстыхæйттæ) проекткæнынад, аразын æмæ сфæлындзыны куыстытæ, сæ аразын райдайыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг бар райсыны фæстæ æххæст кæны æрвитæг Фарс, центр кæм уæвы, уыцы паддзахады арæзтадон фæткойтæм гæсгæ. Уымæйдæр æрвитæг Фарсæн бар ис, йæхæдæг снысан кæна подрядонтæ, уыцы куыстытæ сæххæст кæнынæн.

Уац 10

Центртæ æмæ сæ персоналæн хъалонты режим бæлвырд цæуы æмразыдзинады принципты бындурыл æмæ кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Уац 11

Алы Фарс дæр йæ центрæн нысан кæны персонал. Уыцы персонал гæнæн ис арæзт æрцæуа æрвитæг паддзахады æмбæстæгтæй, кæм уæвы, уыцы паддзахады, кæнæ æртыккаг бæстæйы æмбæстæгтæй. Фæстаг цауы рæстæджы куыстмæ райсын æххæст цæуы, кæм уæвы, уыцы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Центрты директортæ æмæ сæ хæдивджытæ хъуамæ уой æрвитæг паддзахады æмбæстæгтæ, æмæ сын, гæнæн ис æмæ уа дипломатон статус.

Центрты персоналы нымæц бæлвырд цæуы кæрæдзиимæ бадзырдтæм гæсгæ.

Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн информаци дæттынц центрты персонал комплект кæныны тыххæй, афтæ ма кусджыты бынаты бауромын æмæ сæ куыст ныууадзыны тыххæй дæр.

Уац 12

Центрты кусджыты æмæ сæ бинонтыл, кæцытæ сты æрвитæг паддзахады æмбæстæгтæ, æмæ не сты, кæм уæвынц, уыцы паддзахады æдзухон цæрджытæ, парахат кæны æрвитæг паддзахады куысты закъондæдтынад.

Центрты иннæ кусджытыл парахат кæны, кæм уæвынц, уыцы паддзахады закъондæдтынад.

Уац 13

Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр йæ паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ кæрæдзиæмбарынады принципы бындурыл сæрибар кæны центрты, фæстæмæ æнæмæнгæй кæй аластæуыдзæн, ахæм рæстæгмæ ластцæуæг товартæм ахасты таможнæйон фидтонтæй, ахæм уавæрты, кæд уыцы товартæ центртæн æнæмæнгхъæуæг сты ацы Фидыдмæ гæсгæ сæ архайд æххæст кæнынæн.

Уæвынады паддзахады территорийыл рæстæгмæ æрласгæ товартæ гæнæн ис аиртæст æрцæуой æрмæстдæр уæвынады паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ сфидаргонд таможнæйон фидтонтæ бафидын æмæ æндæр домæнтæ сæххæст кæнгæйæ.

Уац 14

Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр йæ паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ æрвитæг паддзахады центры кусджытæ æмæ семæ цæрæг бинонтæн бар дæдты центры сæ куыст æххæст кæныны рæстæджы сæхи æмæ бинонтæ кæмæй пайда кæнынц, ахæм товартæ рæстæгмæ ласынæн, фыццаградон товартæ дæр, таможнæйон хъалонтæ æмæ фидтонтæй сæ ссæрибар кæнгæйæ.

Банысангонд товартæ уæвынады паддзахады территорийыл гæнæн ис аиртæст æрцæуой æрмæстдæр ахæм уавæрты, кæд æмæ уæвынады паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ фыст æрцæуой таможнæйон фидтонтæ, афтæ ма уæвынады паддзахады таможнæйон закъондæдтынады æндæр домæнтæ бахъахъхъæнгæйæ.

Ацы уацы банысангонд хатырты архайд нæ парахат кæны центрты персоналы уæнгтæй уæвынады паддзахады æмбæстаг чи у кæнæ йæ территорийыл æдзух чи цæры, ахæмтыл.

Уац 15

Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр йæ паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ æмæ кæрæдзиæмбарынады бындурыл гæнæнуæвгæйæ цыбыр æмгъуыдмæ дæтты визæтæ иннæ Фарсы центры кусджытæ æмæ семæ цæрæг бинонты уæнгтæн, афтæ ма сын, кæд æмæ уый дома уæвынады паддзахады закъондæдтынад, фидар кæны цæрыны бар.

Уац 16

Æнæмæнгхъæуæг куы уа, уæд Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр иннæ Фарсæн æххуыс кæны йæ центры кусджытæн цæрæнбынат равзарынæн.

Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр йæ фадæтты фæлгæтты æххуыс кæны центртæн сæ куыст æххæст кæнынæн æнæмæнгхъæуæг чи у, хицауиуæгады бынæттон органтæй ахæм бар райсынæн.

Уац 17

Ацы Фидыд æмбарын кæнын æмæ дзы пайда кæныны рæстæджы фæзынгæ быцæуаг фарстатæ скъуыддзаг цæуынц баныхæсты фæрцы.

Уац 18

Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуыны тыххæй Дыууæ Фарсæй мидпаддзахадон æмæнгхъæуæг процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй фæстаг хъусынгæнинаг фыстæй райсыны бонæй.

Ацы Фидыд арæзт цæуы фондз азы æмгъуыдмæ. Фидыды архайд автоматикон æгъдауæй иннæ фондзазон æмгъуыдтæм дарддæргонд цæудзæн уæдмæ, цалынмæ Дыууæ Фарсæй иу уæвæг æмгъуыды фæуыдæй æхсæз мæйы раздæр иннæ Фарсæн фыстæй нæ фехъусын кæна йæ архайд æруромыны фæндон.

 

Арæзт æрцыд сахар Цхинвалы 2011 азы апрелы мæйы 25-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, уымæй дæр дзы алкæцы текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

Date of issue
25/04/2011