20 марты цæгат-балтиаг бæстæты делегаци (NB8) æмæ Гуырдзыстоны фидыд æмæ æмбæстагон æмбардзинады фæдыл паддзахадон министр уыдысты балцы Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон гуырдзиаг цæрæгджын пункт Хурвалеты.
Бæрæг у, ахæм ритуалон экскурситæ фæсарæйнаг делегацитæн Гуырдзыстоны нымад цæуынц сæ диссаджы спектаклы æнæмæнгхъæуæг актыл, цыран Гуырдзыстон æнæаххос амæттаджы ролы дзуры традицион монологтæ фиктивон «оккупацигонд регионтæ» æмæ сæфт «территориалон иудзинады» тыххæй. Ахæм æмбарынадтæн та никуы ницы уыд иумæйагæй реалондзинадимæ.
Ныфс нæ ис, æмæ искуы «экскурсантты» сæры фегуырдзæн фарста: кæд, куыд æмæ æцæгæй цæмæн фæзынд Паддзахадон арæн Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн. Мах цæттæ стæм уыцы фарстайы фæзындмæ, æмæ кæй фæнды, уыдонæн нæ бон у радтын ног историимæ базонгæ кæныны фадат. Бамбарын сын кæнын æцæг уавæр куыд у, уый æмæ сын равдисын Хуссар Ирыстоны территорийæ Гуырдзыстоны Паддзахадон арæны хуыз.
Фæлæ уал уæдмæ та реалондзинад ис Гуырдзыстоны «оккупацигонд территориты» тыххæй закъоны, кæцымæ гæсгæ фæсарæйнаг æмбæстæгты нæ уагъдæуы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ, уый мидæг, æмæ Гуырдзыстоны хицауад кæй нæу цæттæ, фæсарæйнæгтæн гæппыввонгæй цы паддзахадон арæн æвдисынц, уый демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл иумæйаг куыстмæ æрывналынмæ.
Цхинвал, 2017 азы 21 март