РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари ÆИА «Южная Осетия»-йæн

Фарст: 7 февралы фембæлдысты Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г.Б.Карасин æмæ Гуырдзыстоны Премьер-министры сæрмагонд минæвар З.Абашидзе. Ацы форматы фембæлд уыд радон, фæлæ йæ фæстиуджыты фæдыл информаци Хуссар Ирыстоны сæвзæрын кодта бæрæг резонанс. Цæимæ баст у уый?

Дзуапп: Æцæгæйдæр, нæ информацимæ гæсгæ Прагæйы ацы фембæлды рæстæджы дзырд цыд уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг дыууæварсон ахастыты сферæйы уæвæг экономикон, базарадон æмæ гуманитарон фарстатыл.

Сæрмагондæй, дзырд цыд таможнæйон администраци кæныны механизм æмæ товартæй базар кæныны мониторингы сæйраг принциптыл 2011 азы цы уæрæсейаг-гуырдзиаг æхсæнхицауадон Фидыд æрцыд æрфыст, уый скусын кæныныл.

Фидыдмæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн хъуамæ гом æрцæуой уæлæмхас транспортон коридортæ, кæцытæ ахъаз уыдаиккой ацы бæстæты æхсæн торварæрзылд фæфылдæр кæнынæн. Ахæм транспортон коридортæй иу, Фидыды Уæлæмхасæн 1 гæсгæ, хъуамæ уагъд æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Республикæ Хуссар Ирыстон нæу ацы фидыды субъект, раст афтæ йын нæй исты æндæр дыууæварсон бадзырдон хæсистытæ дæр, кæцытæм гæсгæ йæ территорийыл хъуамæ функци кæна транзитон транспортон бастдзинад Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн. Уымæ гæсгæ нырма зын зæгъæн у, практикон æгъдауæй куыд реализацигонд цæудзæн ацы фидыд, уæлдайддæр хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æмахастытæ хынцгæйæ.

Æмбæстгонд у ахæм информаци æхсæнадмæ цы тыхстдзинад æвзæрын кæны, уый, уымæн æмæ ахæм фарстатæ агайынц Хуссар Ирыстоны интерестæ, сæрмагондæй, экономикæ, æдасдзинад æмæ экологийы сферæты. Фæлæ уыдæттæм æнæ кæсгæйæ, курæг дæн ма тагъд кæнын хатдзæгтæ аразынмæ æмæ, ацы проблемæйыл дзургæйæ, уæлдай эмоцитæ аиуварс кæнын. Хуссар Ирыстоны территорийыл уæргъты транзиты фарстайæн аскъуыддзаггæнæн ис æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауадимæ бадзырдтыты фæстиуæгæн æмæ æмбæлон юридикон базæйы бындурыл.

Цхинвал, 2017 азы 10 февраль

 

10.02.2017