8-9 декабры Гамбурджы ОБСЕ Министрты Советæн цы радон рабадт уыд, уым Бæстæты къорд, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмбæлтты номæй рапарахатгонд æрцыд фидиуæн, цыран Уæрæсемæ æрсидтысты, цæмæй аива Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы банымад, стæй уæд «Гуырдзыстоны конфликт сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæнынмæ», «оккупацигонд территоритæй æфсæддон баиугæндтæ» ракæнынмæ æмæ «ОБСЕ-йы миссийы æххæст уæвынад» Гуырдзыстоны сног кæныны сидт. Фидиуæны æвдыст цæуы, «сепаратистон регионты» цæрæг этникон гуырдзиæгты «дискриминацийы» фæдыл, «сæ бартæ «сæрибар бынативд, мулк дарыны æмæ сæ мадæлон æвзагыл ахуырад исыны фæдыл гуымир æгъдауæй хæлд кæй цæуынц», уый фæдыл тыхстдзинад.
Гуырдзыстон цыфæнды æхсæнадæмон фæзуатæй дæр пайда кæны, цæмæй дезинформаци «баппара» æмæ æхсæнадæмон ныхасы хайадисджыты хъуыдыйæ манипуляци кæна. Ацы хатт пропагандистон спекталы сценæйæн Гуырдзыстон равзæрста ОБСЕ-йы гамбургаг министериал, цыран гуырдзиаг режиссерты къухдариуæгадæй сæ «æмбæлттæ» радон пропагандистон комедийы акты сæххæст кодтой хоры роль, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ абсурдон зылынгæнæнтæ тиражкæнгæйæ.
Гамбурджы тбилисаг кухницы ног конфронтацион хъуыдытæ равæрдта, уыдон хæс у æхсæнадæмон аудиторийæн ахæм хъуыды бауырнын кæнын, зæгъгæ ис цæвæрдæр конфликт æмæ йæ хъæуы æрбæстон кæнын. Афтæмæй та Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн конфликт æрбæстон ис 2008 азы августы, агрессор сабырадмæ конд куы æрцыд, уæд. Ныртæккæ ма баззад фæсконфликтон æрбæстонкæнынады фарстатæ. Зæгъæм, цæмæй Гуырдзыстон тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл йæ къух æрфысса, дипломатон ахастытæ сарæзтæуа æмæ цæмæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн баконд зианы тыххæй компенсаци бафида.
Арæнтæ æмæ сæ арæзты тыххæй та зæгъын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты рахаста фæнд цæмæй «Гуырдзыстоны æмбæлтты» уарзон Женевæйаг форматы арæзт æрцæуа паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци, фæлæ нæ фæндæн иунæг хатт дæр дзуапп нæ райстам. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон йæхи тыхтæй фидар кæны йæ арæн, уымæн æмæ ууыл баст у нæ паддзахады æмбæстæгты æдасдзинад. Æмæ растдæр уыцы арæны хахх бæрæг кæны, Хуссар Ирыстон хайад кæм нæ исы, уыцы организацитæй Гуырдзыстонæн мисситæ бакæныны бар цы территорийыл ис, уый. Уымæй фалæмæ та Хуссар Ирыстонмæ бауæуыны тыххæй цыфæнды организацийæн дæр бар дæтты æрмæстдæр йæ закъонон хицауад.
«Гуырдзыстоны æмбæлтты» гамбургаг фидиуæны иннæ пункттæн, кæцыты нысан у, гуырдзиаг къаддæр хай дискриминаци кæй цæуы, уый тыххæй мифтæ мысын, реалондзинадимæ иумæйагæй ницы ис. Республикæ Хуссар Ирыстоны иннæ цæрджытау, этникон гуырдзиæгтæн дæр ис бæстæйы территорийыл сæрибарæй цæуыны бар, сæ бон у бæстæйæ ацæуын æмæ æрыздæхын бæрæг нормативон актты пункттæм гæсгæ. Кæй фæнды гуырдзиаг æвзагыл ахуырад райсын, уыдонæн ис цалдæр астæуккаг скъолайы, цыран ахуыргæнджыты нымæц ахуыргæнинæгты нымæцы бæрц у, уымæй дарддæр ма, Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ гуырдзиаг æвзагæй пайда кæнæн ис иннæ паддзахадон æвзæгты æмрæнхъ куыд официалон æвзагæй гуыдзиаг цæрджытæ фылдæрæй кæм цæрынц, уыцы бынæтты. Номинаци «абсурдон ныхасы» абсолютон лидер у ахæм фидиуæны тезис, зæгъгæ Хуссар Ирыстоны хæлд цæуын «мулк дарыны бар», æмæ уымæн комментари дæр нæ дæттæм.
Æвзæры фарста – куыд рауад афтæ, æмæ «æмбæлтты къордмæ» хауæг цытджын бæстæты минæвæрттæ сразы сты сæ номæй рауадзын ахæм текст, кæцыйæн ницы ис иумæйагæй нæдæр реалондзинадимæ, нæдæр раст зондимæ, сæ гуырдзиаг æмбæлттæн æрмæстдæр сæ ныхасыл баууæндгæйæ? Æвæццæгæн уыдон æнцой кодтой астæуккагæнусон афоризм «уырны мæ, уымæн æмæ абсурдон у», зæгъгæ, ууыл. Фæлæ Тбилисаг реляцитыл æууæндгæйæ, «Гуырдзыстоны æмбæлтты къорды» рох кæны иу хъуыддаг – ахæм фидиуæнтæй Гуырдзыстонæн æвзæр æххуыс кæнынц, ныхдуртæ æвæрынц хъæуæг конструктивон уынаффæтæ райсыны Хуссар Ирыстонимæ æхсæнпаддзахадон ахастытæ нормализацийы процессы. Ныфс нæ ис, «Гуырдзыстоны æмбæлттæм» реалондзинады æмбарынад рæхджы кæй æрцæудзæн, уымæй.
Цхинвал, 2016 азы 13 декабрь