Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Æрæджы дзыллон информацийы фæрæзты фæзындысты Гуырдзыстоны патриархийы делегаци æмæ Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы Генералон секретары минæвар Джеймс Аппатурайы фембæлды тыххæй публикацитæ. Гур æмæ Атъены митрополит куыд загъта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд «Абхаз æмæ Самачаблойы уæззау уавæрыл».

Гуырдзиаг аргъуаны минæвар барæй спайда кодта Гамсахурдиайы фæсдзæуинтæ ирæтты дæлдзиныг кæнынæн цы термин æрымысыдысты «Самачабло», зæгъгæ, уымæй. Æвæццæгæн нæ зоны, кæнæ йæ нæ фæнды йæ зæрдыл æрлæууын кæнын астæуккаг æнусты кæрон Хуссар Ирыстоны æрмæстдæр цалдæр хъæуы кæй уыдысты феодалон сеньори Самачаблойы сконды (ома, сæ уидæгтæ ирон кæмæн сты, уыцы æлдар Мачабелийы зæххытæ), уый. Гуырдзыстонæн, куыд паддзахадæн, афтæ йæ кой дæр нæ уыд, фæлæ уыдис, æрмæстдæр туркаг вилайеттæ кæнæ ирайнаг провинцитæм хауæг зæххытæ, æмæ сæ уæды дуджы «паддзахтæн» та чырыстон нæмттæй дарддæр уыд пысылмон нæмттæ дæр.

Реалондзинадимæ иудзинад кæмæн нæй, ахæм терминтæ «самачабло» æмæ «цхинвалы регион»-æй пайда кæнæн кæй нæй Хуссар Ирыстоны кой кæнгæйæ, уый тыххæй хуссарирыстойнаг фарс бирæ хæттыты дзырдта æмæ дзуры, суанг ма Женевæйаг дискусситы фæзуатыл дæр.

Хуссар Ирыстоны хорз кæй зонынц æмæ Хуссар Ирыстон скуынæг кæныны тыххæй Гуырдзыстоны хотыхджын æфсæдтæн йæхæдæг «рæствæндаг» чи загъта, Гуырдзыстоны уыцы католикос Илиа IIцы гуырдзиаг патриархийы сæргъ лæууы, уымæн нæй моралон бар Хуссар ИРыстоны – нымад хæдбар паддзахады хъысмæт скъуыддзаг кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны хорз хъуыды кæнынц, Гуырдзыстоны ивгъуыд æнусы 80-æм азты кæрон растдæр гуырдзиаг аргъуан æмæ йæ къухдариуæггæнæг кæй уыдысты ирæтты ныхмæ истерийы цырынгæнджытæ. 1989 азы 23 ноябры Цхинвалмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ бирæминон хотыхджын колоннæйы фыццаг рæнхъыты цыдысты гуырдзиаг патриархаты минæвæрттæ. Гуырдзиаг аргъуаны сæргълæууæг Илиа II «гуырдзиаг нацийы знаг» рахуыдта «гуырдзиаджы чи амара, уыдонæй кæйдæриддæр, амæттаг аххосджын у æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ». Гуырдзиаг тырысайыл аргъаугæйæ та равдыста фæндон, цæмæй уыцы тырыса тагъд рæстæджы фæйлауа Цхинвал æмæ Сухумы сæрмæ. 2008 азы та растдæр Илиа II уыди йæ ном «сыгъдæг фæз» кæмæн уыд, ирон адæмы уыцы радон геноцидæн йæ цырынгæнæг.

Æмæ нырдæр гуырдзиаг аргъуан элитæйы политикон амбициты тыххæй æвдисы йæ цæттæдзинад Ныгуылæн æмæ НАТО-йы раз йæ сæр æркъул кæнынмæ. Æмæ зын бауырнинаг у, адæттæн сæ бындуры чырыстон адæймагуарзондзинад кæй ис, уый.

Цхинвал, 2016 азы 10 ноябрь

 

10.11.2016