Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

13 октябры ПАСЕ-йы фæззыгон сессийы пленарон рабадты Германийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, ОБСЕ-йы архайæг сæрдар Франк-Вальтер Штайнмайер йæ раныхасы Европæйы тыгъдады адæймаджы барты ситуацийыл дзургæйæ загъта йæ хъуыды Хуссар Ирыстоны тыххæй, æмæ йæ, куыд адæймаджы бартæм цæстдарæг, афтæ схуыдта «цъæх зонæ» æмæ «сау хуынкъ».

Зын бамбарæн у, цы йæ зæрды уыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны чи никуы уыд, Германийы ахæм паддзахадон кусæгæн, фæлæ бæрæг у, Штайнмайеры хатдзæгтæ кæй бындуриуæг кæнынц гуырдзиаг къухдариуæгады мæнгхъуыдытыл, æмæ уыдон та, уæрæх дипломатон авналæнтæй пайдагæнгæйæ, алыхуызон æхсæнадæмон фæзуæттыл иттæг хорз манипуляци кæнынц æмæ æцæгдзинад иннæрдæм фæлдахынц.

Хуссар Ирыстоны территорийыл адæймаджы бартимæ баст ситуацийы тыххæй мификон æвдисæйнаг зын басæттæн нæу цæстфенгæ факттæ æмæ уæвæг реалондзинады æххуысæй. Фыццаджыдæр банысан хъæуы уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон у нымад паддзахад, кæцы йæ территорийыл у æххæстбарджын хицау, кæцыйы æмбæстæгтæ сты хъахъхъæд Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг закъон – РХИ-йы Конституцийæ, кæцы у йæ æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдты гарантидæттæг.

Гуырдзиаг фарсы бирæнымæц даутæ арæнгæрон зонæйы цæрæг адæмы бартæ халыны тыххæй сты сæхи сæрмагонд политикон амбицитæ æххæст кæнынмæ здæхт, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не сты регионы цæрджытыл тыхдзинады æвдисæг. Бирæ хуыздæр уаид политикон æцæгдзинадыл сразы уæвын æмæ райсын хуссарирыстойнаг къухдариуæгады арæнты хæххыты делимитацийы фарстатыл иумæйагæй бакусыны хъæппæрис, уый уаид æцæгæйдæр дыууæ адæмы пайдайæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт æвдисы йæ цæттæдзинад æхсæнадæмон структурæтимæ комкоммæ диалогмæ, æмæ хъусын кæны, нæ бæстæйы территоримæ æрбацыд кæй у нæ мидæггагон закъондæттынады дæлбар.

Цхинвал, 2016 азы 17 октябрь

 

17.10.2016