5 июлы, ОБСЕ-йы Парламентон ассамблейæн Тбилисы цы сесси цыд, уым райстæуыд, гуырдзыйы делегаци кæй бацæттæ кодта, уыцы резолюци, «Конфликт Гуырдзыстоны», зæгъгæ, йæ ном.
Документы ногæй ницы уыд, афтæмæй та, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон цы агресси сарæзта, уый фæстиуæгæн сæвзæргæ ситуацийæн саргъ кæныны фæдыл къахдзæфтæн уæвæг реалондзинадимæ иумæйагæй ницы ис. Æмæ уый æмбæрстгонд у, уымæн æмæ уыцы документæн йæ автор у, æрæджы дæр ма афтæ чи дзырдта, зæгъгæ, цалынмæ Гуырдзыстоны мификон территориалон иудзинад нæ сæндидза, уæдмæ гуырдзыйы æфсад йæ мисси нæ сæххæст кæндзæн, гуырдзиаг парламенты уыцы спикер.
Дис нæм æндæр цыдæр æвзæрын кæны: æнæдæуццаг у, ахæм документтæн хъæлæс дæтгæйæ, нæ æмбарынц, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстоны реваншистон монцтæн фактон æгъдауæй ахъаз кæй кæнынц, уым цæйбæрц аххосджын сты, уый.
Зæрдыл ма æрлæууын кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ОБСЕ абоны онг дæр аргъ не скодта 2008 азы августы цаутæн, стæй уæд, уыцы бонты Гуырдзыстоны чи архайдта, уый йæ мандаты амынд хæстæ бынтондæр кæй нæ сæххæст кодта, уый.
Хъыггæнгæйæ нысан кæнæм, зæгъгæ, ОБСЕ-йы Парламентон ассамблей, æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстатыл иунæг фæрæзыл Женевæйæг дискусситæ нымайгæйæ, политикон æгъдауæй ангажиргонд чи у, гуырдзиаг фарсы бавдисгæ уыцы резолюци райста, афтæмæй та уыцы резолюци бынтондæр нæу ахъазгæнæг Женевæйы форматы конструктивон баныхæсты процессæн.
Цхинвал, 2016 азы 6 июль