Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. интервью ИА «Интерфакс»-æн

- Казбулат Иналы фырт, Ды цы уагдоны сæргъ лæууыс, уымæн цахæм сты йæ разылæууæг фыццаградон хæстæ ныры этапы?

- Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ бæстæйы æттагон политикæ бæлвырд кæны Президент. Уымæ гæсгæ нæ фыццаградон хæс у æввахсдæр мæйтæн Республикæйы æттагон политикæйы иумиаг стратеги бакусын æмæ йæ Президентмæ бавдисын. 10 июлы Президент уыдис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, кæцыран банысан кодта дипломатон службæйы вазыгджындзинад æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад фидар кæнны хъуыддаджы æттагонполитикон уагдоны роль, сæ разы цы вазыгджын хæстæ лæууынц, уыдон. Æмæ нæ министрады функци дæр растдæр ис уый мидæг, цæмæй æххæст кæнæм Президент нын нæ разы цы хæстæ рæвæрдта, уыдон. Коллективимæ иумæ мах æппæт тыхтæ дæр аздахдзыстæм, цæмæй йын сæххæст кæнæм, цы ‘ууæнк ныл бафтыдта, уый.

Мах сбæлвырд кодтам Министрады куысты приоритетон фæдæздæхт. Уыдон куысты гъæд фæхуыздæр кæныны тыххæй нын ис плантæ. Ныридæгæн мæ бон у æмæ зæгъон кæй хъавæм консулон службæйы куыст рауæрæхдæр кæнынмæ æмæ йын йæ службæ рацаразынмæ. Алы управленийы хистæрæн дæр лæвæрд æрцыдис хæслæвæрд, цæмæй фæндæттæ бахæссой, цы структурæтæн разамынд кæнынц, уыдоны куыст оптимизаци кæныны тыххæй. Иуæй-иу кадрон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй ныридæгæн ист æрцыдысты уынаффæтæ. Тагъд рæстæджы Министрад расидзæнис конкурс вакантон бынæттæ бацахсыны сæраппонд.

Афтæ ма æз ныртæккæ хъуыды кæнын ахæм фарстыл дæр, цæмæй Министрады цур арæзт æрцæуа экспертон совет. Йæ формæ нырма бæрæг нæу, фæлæ йæ саразыны хъуыды у, цæмæй цымыдисгæнæг компетентон адæймæгтæн раттæм актуалон æттагонполитикон фарстатыл æрдзурыны фадат. Уырны мæ, ахæм куыстæй нын совет иттæг пайда кæй фæуыдзæнис, уый.

- Цæй мидæг уыныс Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенттæ «Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй» сæ къухтæ цы Бадзырдыл æрфыстой, уый бындурон нысаниуæг?

- Уæрæсейы Федераци, 2008 азæй райдайгæйæ, хæцы Хуссар Ирыстоны фарс, Уæрæсейы Федерацийы дипломатон бастдзинæдты фæрцы Республикæйы интерестæ æвæры æртыккæгæм паддзахадты раз се ‘хсæн бастдзинæдтæ аразыны сæраппонд.

Сусæг нæу уый æмæ Фæскавказы НАТО-йы активондзинад, сæрмагондæй та Гуырдзыстоны НАТО-йы ахуыргæнæн центр бакæныны плантæ тæссагдзинад кæй аразынц регионы стабилондзинадæн æмæ сын гæнæн ис æмæ æркæной серьезон фæстиуджытæм. Уымæ гæсгæ нæ ахæм сæвзæргæ хъуыддæгты тыххæй агурын хъæуы адекватон дзуаппытæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны партнер Уæрæсейы Федерациимæ æмцæдисад фидар кæнын у ахæм логикон къахдзæф, кæцы æнæмæнгхъæуæг у нæ экономикон æмæ гуманитарон сферæтæн, афтæ ма æттагон политикæйы фарстатæ, дунеон барады нормæтæ Уæрæсейы æмæ РХИ закъондæттынад æххæст кæнгæйæ. Бадзырдмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæнис хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады иууон тыгъдад, кæцы дзуапп дæтдзæнис сабырад æмæ стабилондзинады ныхмæ цахæмфæнды архайдтытæн дæр.

- Къухтæ тагъд æрцæудзысты фыст Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æмбæлон уагдæтты ‘хсæн секторалонсразыдзинадыл. Цы куыст цæуы ацы фæдæздæхты, фаг уын кæны банысангонд æмгъуыд?

- Ацы бадзырд у фæлгæтон документ. Ныртæккæ дыууæ фарсы дæр хъуамæбакусой æмæ саразой дывæрсыг сразыдзинæдтæ æмкуысткæнынады конкретон фæдæздæхтыты. Хуссар Ирыстон дæр æмæ Уæрæсейы Федераци дæр ныридæгæн рацыдысты ратификацийы процедурæ, тагъд рæстæджы кæрæдзимæ ратдзысты ратификацион грамотатæ æмæ уый та нысан кæндзæнис, бадзырд йæ тыхы кæй бацыдис æмæ йын бадзырды цы 6 мæйы рахицæн кодтой, уый дæр, кæцыйы дæргъы æмбæлон бадзырдтæ куыстгонд хъуамæ фæуой æмæ сæ разыдзинад хъуамæ зæгъой дыууæ фарсы дæр. Фæнды мæ уый бафиппайын æмæ бирæ фæдæздæхтыты экспертон æмвæзадыл кæй райдыдта æмæ фæзындысты фыццаг проекттæ дæр, зæгъæм, пенсион ифтонгады хъуыддаджы. Сразыдзинады проекттыл куыд куыст æмæ куыд æххæст цæуынц, уый дæр ма у нæ уагдоны раз цы хæстæ лæууынц, уыдонæй сæ иу.

Нæ æмахастыты практикæ нын куыд уынын кæны, афтæмæй махæн нæ уæрæсейаг коллегæтимæ вæййы иу хъуыды æмæ бамбарæн нæ кæрæдзи, уымæ гæсгæ нын ис алы бындур дæр, цæмæй нæм дарддæр проекттыл цы куыст æнхъæлмæ кæсы, уый банысангонд æмгъуыдты кæй сæххæст кæндзыстæм.

- Казбулат Иналы фырт, радзур ма дæ хорзæхæй куыд рæзынц уæ ахастытæ æндæр паддзахадтимæ, Евроцæдисимæ? Æввахсдæр рæстæджы æнхъæлмæкæсæн ис æндæр бæстæтæ дæр Хуссар Ирыстоны кæй банымайдзысты, уымæ?

- Банымайыны акт у паддзахадон иувæрсыгон акт, кæцыйы хъуыды у, цæмæй бацæуай, чи дæ нымайы, уыцы паддзахады ахастыты. Уымæ гæсгæ нæ иумиаг хæс у, цæмæй саразæм, йæхимæ чи ‘лваса, ахæм демократон, экономикон æгъдауæй размæцыд паддзахад æмбæстагон æхсæнадимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, банымады фарст баст у, дунейы политикон тыхты равæрдыл æмæ «хъæзтыты фæткойтыл», кæцыты иу бæстæтæ сæ фæндон ныббæдтынц иннæтыл. Хуссар Ирыстон уый æнкъары йæхиуыл æххæстæй, фæлæ кæд тынг ныхмæ лæууынц Хуссар Ирыстоны банымайыны процессмæ Гуырдзыстоны, АИШ-ы æмæ Европæйы Цæдисы ‘рдыгæй, уæддæр æдзухæн куыст цæуы дипломатон бастдзинæдтæ аразыныл къорд бæстæты хицауадтимæ. Объективон аххосæгтæм гæсгæ нæ дзурдзынæн, диалог нын кæимæ ис, уыцы бæтæты нæмттæ æмæ уæвæг контактты æмвæзадыл.

Æниу, æмткæй сисгæйæ, ситуаци кардиналонæй фæивды æмæ йын нæ паддзахады хæдбардзинад массон æгъдауæй банымайой, уый зæгъынæн нырма, æвæццæгæн раджы у, фæлæ нын ис бæлвырд хъуыддæгтæ æмæ контакттæ, афтæ æмæ нæ ныфс ис нæ архайды ацы ахсджиаг фæдæздæхты нын æнтыст кæй уыдзæнис, уымæй. Хъыгагæн, Республикæйæн дæр æмæ министрадæн дæр йæхи сæрмагонд æвналæнтæ нырма хатт къуындæг вæййынц. Æппæтфарсæн æххуыс нын кæны Уæрæсейы Федераци. Мæнæн мæ бон нæу æмæ искæмæн ныфсытæ æвæрон, æввахс рæстæджы нæ кæй нымайдзысты, уымæй, фæлæ гаранти дæттын, министрадæн ацы хъуыддаджы цыдæриддæр фадат уа, уый арæзт кæй æрцæудзæнис. Процесс кæд вазыгджын у, уæд нæ зæрдæйы равг та оптимистон у.

- Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент скритикæ кодта æттагонполитикон уагдоны куыст, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы. Дæумæ гæсгæ æттагонполитикон архайды исты, мыййаг, арæзт не’рцыдис?

- Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ æз уыдтæн Министры фыццаг хæдивæг æмæ аххосаг иууыл Санахъоты Дауытмæ аппарæм, уый дæр раст нæ уайы. Къуыхцытæ æмæ рæдыдтытæ вæййы алы уагдоны дæр, афтæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дæр. Фæлæ æттагонполитикон хæстæ нæ сæххæст кодта, зæгъгæ, уый зæгъын, хуымæтæг æвзагæй йæ куы зæгъæм уæд уаит æгæр кæй сыстыр кодтой, ахæм хъуыды.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ архайд райдайынæй фæстæмæ фидарæй хъахъæны паддзахадон æмæ адæмы интерестæ дипломатийы хаххыл, уæзгæ хайбавæрд хæссы регионы сабырад æмæ æнцойад бахъахъхъæнынмæ, æппæтæй дæр архайы йæ бæстæйы хæдбардзинады дарддæры рæзты сæраппонд.

Мах зæгъæм республикæйы Парламентимæ нæ цæттæдзинад æргом æмархайдмæ, æдзухон иудзинæдтæ нын ис æттагон политикæйы æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитетимæ.

- Ды дæр Женевайы дискусситы дæ Хуссар Ирыстоны делегацийы минæвар. Цахæм аргъ кæныс бадзырдтыты ацы форматæн? Цас эффективон у?

- Женевайы дискусситæ сты æхсæнадæмон формат, кæцыты нысан у Хуссар Ирыстонæн æмæ Абхазæн æдасдзинады гарантии къухты æфтын кæнын, афтæ ма иуæй-иу гуманитарон фарстатыл уынаффæ æмæ сæ скъуыддзаг кæнын. Абоны бонмæ уый у иунæг ахæм фæзуат, кæцыран ирæттæн, абхазтæн æмæ гуырдзиæгтæн сæ бон у регионы ситуацийыл ныхас кæнын, алкæцы йæ цахæмæй уыны, афтæ.

Зæгъын хъæуы уый æмæ гуырдзиаг минæвæрттæ æвдисынц сæ æнæразыдзинад æмæ сæ нæ фæнды Республикæ Хуссар Ирыстонимæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй фарстытыл уынаффæ кæнын. Мах фыццаг аз, мыййаг, нæ кусæм Женевайы дискусситы хайадисджыты иумиаг хъусысгæнинаджы текстыл, сабырады фарсхæцджытæ кæй стæм, уый тыххæй, фæлæ ма абон дæр, нæ иумиаг куысты ацы фадæдты нæй кæройнаг фæстиуджытæ.

Æнæмæнг банысан кæнын хъæуы Женевайы дискусситы фæлгæтты архайæг хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны районы инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сыл æрдзурыны механизмы ахадындзинад, кæцыты фæдыл фæдфæдылон æгъдауæй уагъд цæуынц фембæлдтытæ. Ацы формат пайда кæй у, уый нысан канынц дискусситы æппæт хайадисджытæ дæр.

Хуссарирыстойнаг делегации Женевайы кæд æмбæлы вазыгджын ситуацийыл, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, мах уæддæр нæ уынæм æдасдзинады фидар гаранти æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн нæ бон нæу æмæ ныфс бавæрæм, 2008 азы августы цаутæ кæй нал æрцæудзысты фæлхатт, уымæй. Афтæ æмæ Женевайы дискусситы актуалондзинад дарддæр дæр хъахъхъæд цæуы. Диалогы платформæ та, куыдфæнды уæт, уæддæр æнæмæнг у.

- Хуссар Ирыстон банымадта ДАР æмæ ЛАР хæдбардзинад. Ацы республикатимæ конкретонæй цахæм куыст цæуы?

- 2014 азы 18 æмæ 27 июны Президент Тыбылты Л.Х. Указæй нымад æрцыдысты Луганскы Адæмон Республикæйы æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад.

Президенты Указ æххæст кæныны тыххæй «Донецкы Адæмон Республикæ банымайын» æмæ «Луганскы Адæмон Республикæ банымайын»-ы фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад иудзинад сарæзта дыууæ республикæйы æттагонполитикон уагдæттимæ. ЛАР æмæ ДАР Минæварадтæ бакæныны цытæн.
Минæварадты куыст ахъаз кæндзæнис нæ паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастыты, афтæ ма историон хъысмæтты иугъуызондзинадæй баст адæмты дывæрсыгон ахастытæн гуманитарон, экономикон æмæ æндæр сферæты æмкуысткæнынадæн.

Мах цæттæ стæм семæ ахадæн æмкуыст кæнынмæ æмæ хæларадон æмæ æмбар бындурыл уæвæг потенциалæй ахадæнæй пайда кæнынмæ.

- Ныгуылæйнаг дуне раздæрау домы Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын. Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны адресыл хъуысынц аххосджын кæныны дзырдтæ, уæлдайдæр та арæнгæроны фарстаты фæдыл. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ хæдбардзинад нын Уæрæсе куы банымадта, уæдæй рацæугæ авд азы дæргъы Хуссар Ирыстонæн исты бантыстис ныгуылæйнаг бæстæтæм рæстдзинад фæхæццæ кæныны хъуыддаджы? Уæ уагдон ахæм куыст æххæсты кæны?

- Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты дарддæр дæр хъуысы негативон риторика бирæ ныгуылæйнаг официалон адæймæгты ‘рдыгæй. Арæх уый фæамоны политикон ситуаци йæхæдæг. Комкоммæ дын куы зæгъон, уæд уыдонæн сæ фылдæр хай иттæг хорз фæзонынц хъуыддæгты реалон уавæртæ æмæ сæ иуæй-иутæн та æмбаргæ ахаст вæййы нæ бæстæмæ дæр.

Басæттæм ууыл дæр æмæ информацион тохы, кæцы æххæст кæнынц Уæрæсейы æмæ йе ‘мцæдисонты ныхмæ (æмæ Хуссар Ирыстон та у, æнæмæнгдæр, УФ партнер) ныгуылæйнаг бæстæтæ æмæ сын мах фембылды вæййæм. Фæлæ уæддæр АИШ æмæ Европæйаг бæстæты информацион тыгъдады ссарæн вæййы бирæ рæстагон æрмæджытæн гуырдзиаг агрессийы æмæ регионы абоны ситуацийы тыххæй. Уыдон реалонæй равдисынц хæдбар дзыллон информацийы фæрæзтæ. Рæстаг информаци раттыны хъуыддагмæ сæ хайбавæрд хæссынц нæ диаспоратæ æмæ не ‘мфыдызæххонтæ фæсарæнтæй.

Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уынæм æргом провокацитæ Республикæйы арæнтæм хæстæг рæттæй. Уыдонæн сæ нысан у ситуаци арæнгæрон зонайы слæмæгъ кæной æндыгъдад. Министрад ахæм архайдтытæн кæны æмбæлон аргъ æмæ йæ хъус дары æппæт инциденттæм дæр æмбæлон хъусынгæнинæгтæ æмæ комментаритæй.

Хуссар Ирыстон къорд хæттыты фехъусын кодта, цæттæ кæй у æхсæнадæмон организацитимæ хæдбар паддзахады бартимæ æмархайд кæнынмæ, фæлæ афтæ нæ æмæ Ныгуылæны куыд архайынц позициондзинадыл, ома стæм Гуырдзыстоны хай. Объективон цæстæнгас аразыны хъуыддаджы Гуырдзыстонæй райсгæ зонæнтыл нæ, фæлæ хисæрмагонд тæлмæнты бындурыл чи æнцой кæны, уыцы æхсæнадæмон организациты минæвæртты хонæм, цæмæй нæм æрцæуой Хуссар Ирыстонмæ. Æрмæст хъуамæ бахъахъхъæной иунæг-иу уавæр – Хуссар Ирыстонмæ сæ фæндаг хъуамæ уа Уæрæсейы 'рдыгæй.
Источник: http://www.interfax-russia.ru/South/exclusives.asp?id=634447

 

24.07.2015