Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ бацæуыны фæткы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн бар ис, цæмæй бахатой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ РХИ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ бацæуыны æрхуындимæ. Æрхуынды гæххæттимæ хъуамæ уой РХИ æмбæстаджы паспорты халдих, хуынд чи цæуынц, уыцы адæймæгты тыххæй зонæнтæ, афтæ ма сын сæ хæстæгдзинадон бастдзинад чи бæлвырд кæны, ахæм документтæ (кæд æмæ уой ахæмтæ). Æрхуынды æмгъуыд у 10 календарон боны онг.

Фæсарæйнаг æрхуынд æмбæстæгтæй фæллойадон архайд æххæст кæныны нысанæн хуынд чи цæуы, уыдон æрхуынды гæххæттмæ æркæсыны æмгъуыд у 30 календарон боны.

Хуссарирыстойнаг туристикон фирмæты куырдиæттæ фæсарæйнаг æмбæстæгты Хуссар Ирыстонмæ туристикон нысанæн æрхоныны тыххæй æркæсыны æмгъуыд у 30 календарон боны.

Æрхуындтæ æмæ куырдиæттæ чи бахæсса, уый сæ сæрмагондæй йæхæдæг дæтты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ кæнæ сидт æрвыст цæуы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Консулон Управленийы электронон адресыл:

consul.mfa-rso@yandex.ru

Цхинвал, 23 июля 2015 года

 

23.07.2015