Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Гасситы Знауыр Никъалайы фырты Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

2015 азы 26 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ Гасситы Знауыр Никъалайы фырт нысан æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион бæлвырдгæнæн:

Гасситы Знауыр Никъалайы фырт райгуырдис 1974 азы 13 майы г.Цхинвалы.

Ахуырдзинад:

Цæгат Ирыстоны Паддахадон университет, юридикон факультет.

Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы Академи, г.Мæскуы.

Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы Санкт-Петербурджы юридикон институт.

Зонадон къæпхæн – юридикон зонæдты кандидат Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы Зонад-иртасæн институт.

Царды фæлтæрдзинад:

1995 азæй 1997 азмæ – г.Владикавказы Сæудæджерадон зылды фæдысгарæг РЦИ-Алани.

2007 азæй 2009 азмæ – РЦИ-Аланийы Ирæфы районы прокурор.

2009 азæй 2012 азмæ – г.Владикавказы Цæгат-Ныгуылæн муниципалон зылды прокурор.

2012 азæй 2015 азмæ – Ленинграды областы уголовон-процессуалон æмæ оперативон-фæдагуырдон архайд æмæ уголовон сферæйы дунеон æмгуыстады управленийы цæстдарды хистæр.

Къласон цин – Юстицийы хистæр уынаффæгæнæг (булкъон).

Хорзæхтæ æмæ разæнгардгæнæнтæ:

-æнæлаз службæйы тыххæй, закъоныл æнувыддзинады тыххæй 2-аг къæпхæны,

-районы хуыздæр прокурор,

-РЦИ Президент æмæ Ленинграды областы Губернаторы бузныджы грамотæтæ,

-Уæрæсейы Федерацийы Прокуратурæ æмæ Мидæггагон хъуыддæгты министрады уагдонон хорзæхтæ.

Зоны англисаг æмæ испайнаг æвзæгтæ.

Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны фырт æмæ чызг.

 

Цхинвал, 2015 азы 26 июнь

 

26.06.2015