5 майы ГФР æмæ Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты фембæлды рæстæджы Франк Вальтер Штайнмаер радон хатт рахæцыдис «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарс» æмæ йæ æнæразыдзинад загъта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл сразыдзинады бадзырдыл сæ къухтæ кæй æрфыстой, уый тыххæй. Гуырдзыстоны фарсхæцыны хъуыддаджы Германы позици ног нæу. Æмбæрстгонд нæу ахæм хъуыддаг æмæ РХИ æмæ УФ æмцæдисдзинады бадзырдыл къухтæ кæй æрфыстой æмæ йæ мидисмæ гæсгæ æртыккаг бæстæты ныхмæ арæзт кæй нæу, фæлæ йæ нысан кæй у къорд социалон æмæ экономикон проблемæтæ скъуыддзаг кæнын æмæ æдасдзинады фарстатæ ифтонг кæнын. Къухтæ йыл фыст куы ‘рцыдысты, уымæй кæд иу мæй æмæ æрдæг рæстæг рацыдис, уæддæр æнцойад нæ дæтты ныгуылæйнаг бæстæтæн.
Афтæмæй та логикон æгъдауæй растдæр уаит, Гуырдзыстоны цы цаутæ цæуынц, уыдонмæ хъус æрдарын, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ ахасты алы хатт дæр æххæст кодта агрессоры роль. Сæрмагондæй та банысан кæнын хъæуы ахæм хъуыддæгтæ æмæ дыууæ министры фембæлды боны Батумы порты кæй æвдæлон кодтой америкæйаг æфсæддон техникæ. 11-15 майы плангонд у иумиаг гуырдзиаг-америкæйаг ахуыртæ ахæм номимæ: «Бæрзонд æмвæзады партнерондзинад», кæцыйы нысан у Гуырдзыстоны гарзджын тыхтыл НАТО-йы стандартты онг рахæцын, цæмæй альянсы фидæны ахуырты æмæ операциты цæттæ уой хайад райсынмæ.
Иууыл ногдæр историйы цæвиттон нынкуыд æвдисы, афтæмæй æрвылхатт дæр гуырдзиаг æфсæддонты америкæйаг кæнæ НАТО-йы структурæтæ куы фæцæттæ кæнынц, уæд сæ фæдыл расайынц Хуссар Кавказы сабырадæн негативон фæстиуджытæ. Афтæ бирæ рæстæг дæр нæ рацыдис, 2008 азы августы Гуырдзыстон радон хатт гадзрахатæй Хуссар Ирыстонмæ куы ‘рбабырста, уымæй. Уый та уыдис америкæйаг-гуырдзиаг æфсæддон ахуыртæ куыддæр фесты, уый хæдфæстæ. Афтæмæй æвзæры закъонбæрцадон фарст – ныхæстæ цахæм сты, уый нæ, фæлæ æфсæддон ахуырты «Бæрзонд æмвæзады партнерондзинад»-æн цахæм у йæ сæйраг нысан? Рæсугъд иллюзитæн дзы нæй бынат. Гуырдзыстонмæ америкæйаг æфсæддон техникæ кæй æрластой, уыйимæ плангонд ахуыртимæ регионы, барæй дестабилизацийы ситуацимæ, къахдзæфæй дарддæр æндæр исты аргъ скæнын зын у.
Цхинвал, 2015 азы 7 май