Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис бæрæгбонон церемони Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæты Минæварадтæ бакæныны фæдыл. ЛАР делегацийы сæргъ лæууыдис ЛАР Сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Хоршева Наталья Иваны чызг. ДАР делегацийы сæргъ та – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кофман Александр Игоры фырт. Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Къоста, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан, Социалон фарстаты фæдыл РХИ Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Родион.

Дыууæ фарсы дæр фидарæй уырны Минæварад бакæнын кæй ахъаз кæндзæнис дыууæ адæмы хæрзиуæгон хъуыддæгтæн, историон хъысмæтимæ баст хæларадон ахастыты дарддæры æнтысгæйæ рæзтæн.

Цхинвал, 2015 азы 28 апрель

 

28.04.2015