Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

16 апрелы Донецкы Адæмон Республикæйы горæт Донецкы йæ куыст райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад.

Минæварад бакæныны церемонийы ДАР минæвæрттæ ныфсдзинад загътой, зæгъгæ, Минæварад бакæнын ахъаз кæндзæнис Донбассы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн гуманитарон, экономикон æмæ æндæр сферæты ахастытæ рæзын кæнынæн.

Æввахсдæр перспективæйы фæнд цæуы, цæмæй ахæм офис баконд æрцæуа Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы дæр.

Цхинвал, 2015 азы 16 апрель

 

16.04.2015