Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсæрæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчакы тел

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккæгæм азы боны охыл, йæ фæдыл Республикæйы сабыр цæрджытæй бирæнымæц адæймæгты амæлæт кæй расайдта, уый фæдыл Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Владимир Ястребчак тел æрæрвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы сæрмагондæй дзырд цæуы:

Бар мын радт, цæмæй Приднестроваг Молдоваг Республикæйы номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæгъон фарсхæцынады æмæ æмхуызон масткæнынады ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны хæстон агрессийы бон банысан кæныны охыл.

Дыууæ азы размæсты æбуалгъ цаутæ ирон адæмы хъуыдыйы баззайдзысты, гас чи нæ кæны, ахæм хъæдгæмттæй. 2008 азы гуырдзиаг æфсæдтæ рæвнæлдтой операци «Сыгъдæг быдыр» æххæст кæнынмæ. Ацы операцийы нысанттæ Хуссар Ирыстоны территорийыл стратегион объекттæ нæ уыдысты, нæдæр хотыхджын баиугæндты сликвидаци кæнын уыдис. Адæймæгты иууылдæр ныццæгъдын, ирон адæмы геноцид – ахæм хæстæ йæ разы æвæрдта Саакашвилийы фашистон режим.

Тыхæйисджытæ фыццаг боны дæр зæххы ‘мвæз скодтой æнæхъæн хъæутæ, амардтой сæдæгай сабыр цæрæг адæймæгты. Адæмы ‘хсæн хæццæдзинад æмæ тас байтауын, сæ райгуырæн зæххæй сæ райгуырæн зæххæй сæ фæиппæрд кæнын – уымæ хъавыдысты агрессортæ, кæцытæ планон æгъдауæй пырх кодтой Цхинвалы кварталтæ. Фæлæ адæймæгты удыхъæд басæттын сæ бон нæ бацис, Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæн Цхинвалы цæрджыты фарсхæцынадæй сæ бон бацис эффективон ныхмæлæууынад сифтонг кæнын. Ныхмæлæууæгыл æрцыдис зиæнттæ æмæ урæд æрцыдис, æрвырттывдау тагъдыл хæст ын нæ рауадис.

Гуырдзиаг хæстонтæ НАТО-йы салдæттæм гæсгæ хотыхджын чи æрцыдысты æмæ АНШ инструктортæ сæ фæдыл кæй фæластой æмæ сæ хæстон хъомысадмæ гæсгæ бирæ хаты хуыздæр кæй уыдысты Хуссар Ирыстоны æфсадæй, уыдон фæкъухцы сты горæты цы тохтæ цыдис, уыдоны. Августы хæсты фæуд скъуыддзаг цыдис Цхинвалы хъахъхъæнджытæ цы æнæбауырнинаг хъайтардзинад сахаттæй, кæцыты рамбылдтой сæ удуæлдай тохты фæрцы. Уыцы сахатты рæстæг Уæрæсейы бахъуыдис, цæмæй сæххæст кодтаит йæ фидауынгæнæджы хæс, бахъахъхъæдтаит йæхи сæрмагонд æмбæстæгты мæлæтхæссæг тæссагдзинадæй æмæ æрæвнæлдтаит агрессоры фæтæрыны операцитæм.

Ирон адæм бафæрæзтой ацы хæстæн. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр бæстæтæ, кæцытæн рæзы сæ нымæц. Кæд Цхинвал хæсты стыр пырхæттæ баййæфта, уæддæр абон Республикæйы сæйраг горæт цырд темптæй хуыздæр кæны, æнтысгæйæ рæзы йæ социалон-экономикон рæзты инфраструктурæ. Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарант нырæй фæстæмæ у Уæрæсе. Бæстæ ныфсджынæй кæсы йæ фидæнмæ. Уадз æмæ фыдгæнджытæ баййафæт, цахæм сæм æмбæлы, ахæм æфхæрд. Уадз æмæ Хуссар Ирыстоны сæрмæ кæддæриддæр уæт сабыр арв æмæ хорздзинæдты атмосферæ.

Сыгъдæг зæрдæйæ Дæуæн æмæ Хуссар ирыстоны æппæт æфсымæрон адæмæн, уæ хъайтардзинадæй, фæразондзинадæй æмæ удуæлдайдзинадæй мæ дисы чи фтауы, уыдонæн.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ

06.08.2010