Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыууæ азы охыл

2010 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны фыдмион агрессийыл дыууæ азы сæххæсты охыл зæрдылдарæн мадзæлттæ.

Дыууæ азы размæ 2008 азы 7 августæй 8 августмæ æхсæвы гуырдзиаг æфсад америкæйаг инструкторты ныфсæвæрд æмæ ардыдæй, сæ бацæттæгондæй гадзрахатæй, æппæт йæ хъомысадæй спайда кæнгæйæ æмæ дунеон барады æппæт нормæтæ фæхалгæйæ æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Агрессийы архайды рæстæджы дзыллон æгъдауæй пайдагонд цыдис хæцынæн бар кæмæн нæ уыдис, уыцы нымæцы æмæхст кæныны системæйы хæстон æрмæджытæй дæр. Уый фæстиуæгæн мард фесты Цхинвалы æмæ йæ кæройнаг цæрæн пункты сæдæгай сабыр цæрджытæ, дæсгай уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Цæфтæ æмæ зиæнттæ кæуыл æрцыдис, уыдон нымæц та уыдис тынг бирæ фылдæр ныппырхгонд цы ‘рцыдис, уыдон, æцæгæйдæр, сты тæссаг бирæ.

Уыцы уæззау бонты æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны хъайтарон хъахъхъæнджытæ, Уæрæсе дзы йæхи афоныл кæй фæхæццæ кодта æмæ Гуырдзыстоны бафидауынмæ кæй æркодта, æрмæстдæр уыдон фæрцы фервæзтысты Хуссар Ирыстоны адæм æнæхъæнæй сæ скуынæг кæнынæй.

Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны агрессийы дыууæ азы фæстæ уый нырма дæр æвзары бирæ зындзинæдтæ æмæ йын ис проблемæтæ. Уыдонæй сæйрагдæр у Гуырдзыстоны ‘рдыгæй реваншы политикæ. Гуырдзыстонæн августы авантюрæ кæй нæ рауад, уымæ нæ кæскæйæ, йæ къухдариуæгад ницахæм хатдзæгтæ нæ сарæзта æмæ нæдæр йæ зæрды ис Хуссар Ирыстоны тыхы фæрцы Гуырдзыстоны скондмæ бакæныныл йæ къух сисын. Тыхæй ма спайда кæныны тыххæй æрмæстдæр юридикон хæстæ райсынæн бауыдзæнис йæ бон трагедии мауал æруадзыны хъуыддаг аскъуыддзаг кæнын. Хъыгагæн, Тбилисы Хицауад разы не сты ахæм æнæмæнгхъæуæг документыл къух бафыссыныл, кæд сæ уый тыххæй хæсджын кæны Медведев-Саркозийы план, уæддæр.

Абоны онг, чи ‘рцыдис ахæм факт у уый æмæ дунеон æмæхсæнад базыдта рæстдзинад 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны цы хабæрттæ æрцыдис, уыдон тыххæй. Евроцæдис 2008 азы августы факттæ басгарыны тыххæй Хайди Тальявинийы сæргълæудæй цы хæдбар къамис сарæзта, уый æрцыдис ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст райдыдта раствæр йæхæдæг Гуырдзыстон.
Хуссар Ирыстоны хæстæн объективон аргъ скæнын дæдты раст хатдзæгтæ дзы райсынæн, цæмææй «тæвд тæппыты» ахæм ситуацитæ сфæлхаттгонд мауал æрцæуой.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æууæндындзинады æнкъарæнтимæ кæсы йæ фидæнмæ, куыд хæдбар банымадгонд демоккратон паддзахад, афтæ, кæцытæн йæ рæзты сæйраг вектор у æппæт сыхæгтимæ дæр сабырадæн æмуæвынад æмæ æмбар æмкуысткæнынад.

Ныртæккæ бæстæйы цæуы активон æндидзынады процесс инфраструктурæйы объекты æмæ социалон сферæйы, кæцытæ æрцыдысты пырх кæнæ сын базиан чындæуыдис 2008 азы хæсты рæстæджы.

Цхинвал, 2010 азы 6 август

27.01.2011