Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 30-æм раунды фæстиуджыты тыххæй
2014 азы 9-10 декабры Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл радон фембæлд. Уагъд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегациты, афтæ ма ЕЦ, ИНО, ЕЦÆО минæвæртты скондæй. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.
Дискусситы раунды цыды рæстæджы бындуронæй хъусдард здæхт цыдис 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ уагъдцæуæг фарстатæм, цæмæй ифтонг æрцæуа Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæна, уыцы фарстатæм æмæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад фидар кæнынмæ. Дебатты рæстæджы та хуссарирыстойнаг делегаци радон хатт æрсидтис дискусситы хайадисджытæм, цæмæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл фæактивондæр кæной сæ архайд дывæрсыгон гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг æмæ гуырдзиаг-абхазаг сразыдзинады тыххæй, кæцыйæн хъуамæ уа юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг характер æмæ фидар дунеон гарантитæ.
Банысан æрцыдис, зæгъгæ, растдæр юридикон æгъдауæй сразыдзинад, кæцы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адæмæн гаранти дæтты æмæ уый у Женевæйы дискусситы бындурон хæс æмæ нысан. Хуссарирыстойнаг делегаци ногæй æрхатыдис, цæмæй ист æрцæуа иумиаг хъусынгæнинаг æмæ сæххæст кæной тыхæй ма спайда кæныны принцип. Фæлæ гуырдзиаг делегаци цахæмдæр фактортыл æнцой кæныны ‘фсонæй, кæцыйæн иумиагæй ницы ис Женевæйы процессимæ, ацы фарсты тыххæй йæ позици сбæлвырд кæнынæй йæхиуыл фæхæцыдис. Экспертон къордты рабадты рæстæджы иумиаг сразыдзинадтекст тыхæй ма спайда кæныны тыххæй, кæцыйы проект уымæй размæ бавдыста Уæрæсейы делегаци, фæлæ рабадты хайадисджытæ кæрæдзийæн пайдайы позицитæм не ‘рцыдысты.
Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны районы æдасдзинады проблемæйыл уынаффæ кæнгæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой фæстаг рæстæджы ситуаци, абаргæйæ, стабилон кæй у æмæ дзы серьезон инциденттæ кæй нæ уыдис, уыцы хъуыддаг. Статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй дзæвгар фæкъаддæр арæны сæрты хизыны фæтк фехалыны цауты нымæц, афтæ ма Хуссар Ирыстоны хицауад кæй бахынцыдта арæнгæрон территорийы цæрджыты интерестæ æмæ домынадтæ. Уыимæ иумæ ма банысан æрцыдис дестабилизаци кæнынмæ гуырдзиаг фарсы информацион æндыгъдад парахат кæныны фæдыл арæны сæрты ахизын пунктты алыварс. Хуссарирыстойнаг делегаци ногæй зæрдыл æрлæууын кодта, раздæр гуырдзиаг фарсмæ бирæ хæттыты кæй тыххæй хатыд, цæмæй иумæ рæвналой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийыл куыстмæ.
Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой Женевæйы дискусситы фæлгæтты хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны районы инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны æдзухархайæг механизмты эффективон архайд.
Уыцыиу рæстæджы ма хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг делегацитæ сæ катайдзинад равдыстой, Гуырдзыстон æфсæддон блок НАТО-мæ баввахсдæр кæныны фæдыл цы ног проекттæ сарæзта, уыдон æмæ Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адресыл агрессивон хъусынгæнинæгтæ дарддæр дæр кæй аразы, уый фæдыл.
Лæмбынæгæй уынаффæ цыдис къорд гуманитарон проблемæты фæдыл дæр, кæцыты ахсджиаг бынат уыдис, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй сæфтыл нымад чи сты, уыцы æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныныл. Дунеон организациты минæвæрттæ фидар дзырд радтой, ацы процесс фæтагъддæр кæнынæн кæй ахъаз кæндзысты, уый тыххæй. Къухты бафтыдис æбæрæгæй цы адæймæгтæ фесæфтысты, уыдон хъысмæт рабæрæг кæныны сæраппонд иумиаг документы проектыл кусыны райдианы сæраппонд.
Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ма ногæй сфæлхатт кодтой гуырдзыстойнаг фарсæн сæ фæндон кæрæдзийы ахстыты ссæрибар кæныны фæдыл, кæцы ахъаз кæнит кæрдзийыл æууæндыны хъуыддаг фидардæр кæнынæн. Уыимæ иумæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, хорз фæндондзинады хуызы Хуссар Ирыстоны хицауиуæгад ныххатыр кодтой Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй сæ иуæн æмæ цæттæ сты ацы гуманитарон акци адарддæр кæной дыууæ ‘рдыгæй дæр.
Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ цы хъусынгæнинаг рапарахат кодтой, уым дзырдæуы, зæгъгæ, Женевæйы дискусситы лигъдæтты тематикæйыл уынаффæ кæнынæн фадат фæуыдзæнис, кæд æмæ Гуырдзыстон йæ къух сиса ацы проблемæ хæдаразгæйæ политизаци кæныныл.
Женевæйы дискусситы 30-æм раунды фæлгæтты организацигонд æрцыдис информацион сесси, кæцымæ дунеон эксперттæ бавдыстой докладтæ экстремалон ситуациты дунеон æмархайды практикæйы тыххæй.
Фембæлд фæуыны фæстæ уыдис дыууæ кусæгон къорды иумиаг рабадт раунды фæстиуджыты фæдыл.
Женевæйы дискусситы радон рабадт нысан цæуы 2015 азы, марты.
Женева, 2014 азы 11 декабрь