Хæххон-Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæфæрфæсы тел Хуссар Ирыстоны, йæ фæдыл адæймæгты амæлæт чи расайдта, рейсон автобусы уыцы аварийы тыххæй

18 июлы ТрансКАМыл трагеди кæй æрцыдис, уый тыххæй Хæххон-Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Георгий Петросян тæфæрфæсы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы дзырд цæуы:

«Арцахы стыр хъынцъымимæ фехъуыстой Ручъы ‘фцæгыл, йæ фæдыл бирæнымæц адæймæгты амæлæт чи, расайдта, уыцы траедийыл. Ацы трагедии уæлдай зындæр та уымæн у семæ дзы кæй фæмард сты æнæхъом сывæллæттæ дæр.

Хæххон-Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт кусджыты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæгъын Дæуæн цыдджын Мурат Кузмайы фырт зæрдæйыарфæй цæуæг тæфæрфæс. Курæм дæ,цæмæй чи фæмард,уыдоны бинонтæн зæгъай зæрдæбынæй цæуæгмæсæлай, цæфтæ чи фæцис, уыдонæн та тагъддæрцы сæнæниз уой, ахæм фæндæгтæ. Ацы хъыджы бонты Арцахы адæм зæрдæйæ дæр æмæ хъуыдытæй дæр иумæ сты æфсымæрон Хуссар Ирычтоны адæмимæ».

2010 азы 19 июль

27.01.2011