Новости

Archive
Встреча Ахсара Джиоева с Патриком Поппелем

Кæфты мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Официалон Минæвар Австриаг Республикæйы Патрик Поппелы.

Фембæлды рæстæджы нысан æрцыд ахастытæ дарддæр кæныны æмæ алыхуызон фадгуыты æмархайд уæрæх кæныны ахсджиагдзинад, афтæмæй ма æрдзырдæуыд ахуырадон проектты реализацийы фæдыл.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 27-æм бон

Республикæ Анголайы сæйраг горæт Луандайы ацыд Æхсæнпарламентон цæдисы 147-æм Ассамблей ахæм темæйыл: «Парламентон архайдтытæ сабырад, рæстдзинад æмæ эффективон институтты арæзтады хæрзиуæгæн». Ассамблейы фæлгæтты йæ раныхасы Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ш. Папуашвили æрдзырдта афтæ хуыйнæг оккупацийы темæйыл, кæцыйы банысан кодта, историон æгъдауæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæй хауынц Гуырдзыстонмæ.

Бæрæг у, Ассамблейы трибунæйæ цы фехъусын кодта, уымæй кæй хъары дунеон æмæхсæнадæн æцæг цы нæ уæвы, уый. Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз нæ хаудтой историон æгъдауæй Гуырдзыстонмæ.

Встреча Ахсара Джиоева с Альбой Асусеной Торрес Мехия

Кæфты мæйы 20-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг - никарагуайаг хæларадон ахастыты дарддæры райрæзты фарстытыл.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 20-æм бон

Встреча А.М. Джиоева и Д.Ф. Мезенцева

Кæфты мæйы 18-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Дмитрий Мезенцевимæ.

Фыццаджыдæр, фембæлды дзырд цыд культурæйы, ахуырады, зонад æмæ спорты фадгуыты æмархайд æмæ æмгуыстадыл, кæцытæ реализаци кæны Цæдисон паддзахады Æнæивгæ Комитет.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 18-æм бон

 

Встреча Ахсара Джиоева и Башара Джаафари

Кæфты мæйы 18-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары фембæлд Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафариимæ.

Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн алыхуызон æмвæзадтыл æмархайд æмæ æмгуыстады размæдзыды фарстытыл. Æввахс Скæсæны æндыгъддзинад хынцгæйæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Сирийы æмæ йæ алыварс уавæрмæ.  

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 18-æм бон

 

 

МИД Южной Осетии

Кæфты мæйы 12-æм бон Израилы Хæстон-уæлдæфон тыхтæ фæцæф кодтой Сириаг Араббаг территори, кæцыйы фæстиуæгæн бахъыгдард сты Дамаск æмæ Алеппойы æхсæнадæмон аэропортты фæндæгтæ. 

Газæйы Секторы æмæ æмтгæй сисгæйæ палестинаг-израилаг ахастыты æндыгъд уавæрæн абоны бон ис æвирхъау фæстиуджытæ, фæмард сты бирæ адæм, уыдоны нымæцы бынæттон цæрджытæ дæр. Уый фæдыл сыхаг паддзахадты инфраструктурæйыл авиацæфтæ тæссаг сты регионы æндыгъд уавæр ноджы февзæрдæр кæнынæн.

Æнæдызæрдыгæй, уæвæг быцæуаг фарстытæ æрбæстон кæныны фадат ис æрмæстдæр политикон-дипломатон методтæй.

МИД Южной Осетии

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситæ байгом сты 2008 азы кæфты мæйы 15-æм бон Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг æрбабырсты фæстæ. Уый уыд Д. Медведев - Н. Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм бонæй æмæ рухæны мæйы 8-æм бонæй бадзырдадтæм гæсгæ. Дискусситы æмбарæй исынц хайад Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Уæрæсейы, Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Ныхас фæцæуы дыууæ кусæгон къорды фæлгæтты- æдасдзинады фарстытыл æмæ гуманитарон проблемæтыл. 

Ахсар Джиоев

Фарст: Кæфты мæйы 3-æм бон Сочийы ацыд РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы фембæлд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ йын цавæр фæстиуджытæ уыд?

Дзуапп: Æрмæстдæр æвæрццаг. Фембæлды дзырд цыд алыхуызон фарстытыл, уыдоны нымæцы æддагполитикон уагдæтты дарддæры æмархайд.

Æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстонмæ хауæг экономикон æмæ финансон фадыджы фарстытыл, регионалон æдасдзинад æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады уавæрыл.

Курсы повышения квалификации в Дипломатической академии МИД России

Рухæны мæйы 25-æм бонæй кæфты мæйы 7-æм бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Мæскуыйы Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы цыбыр æмгъуыдмæ рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ ахæм темæйыл: «Æхсæнадæмон ахастытæ.Уæрæсейы æддагон политикæ». 

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хомсы террористон акты охыл.

Нотæйы дзырдæуы:

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстон горæт Хомсы хæстон академийыл террористон атакæйы цау, кæцыйы фæхъуыдысты адæймаджы удтæ, се ‘хсæн бынæттон цæрджытæ дæр.

Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрста Гуырдзыстоны ‘рдыгæй терроры акцитæ æмæ уый фæдыл у ацы фыдракæнды ныхмæ.

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева с представителями студенческого клуба «Аполлон»

Кæфты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы студентон клуб «Аполлон»-ы минæвæрттимæ, кæцытæ Республикæ Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн схызтысты хох Джермугъмæ. 

Джиоты Æхсар раарфæ кодта клуб «Аполлон»-æн æмæ, сæрмагондæй, хох Джермугъыл Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы тырысатæ чи райтыхта, уыдонæн, афтæмæй ма сын йæ зæрдæ загъта дарддæры æнтыстытæ.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 5-æм бон