Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвинг Джентске Уитакермæ райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Алыхатт дæр фидарæй хъахъхъæныс паддзахадты æмбар æмæ дунейы раст арæзтады принциптæ. Дæ профессионалондзинад æмæ дипломатон курдиат та ахъаз сты æхсæнадæмон аренæйы Никарагуайы интерестæ фидарæй хъахъхъæнынæн.
Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр стыр аргъ кæнынц нæ бæстæты ‘хсæн сæвзæргæ хæларадон ахастытæн æмæ Никарагуайы æххуысæн».