Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары дуаппытæ ИА «Рес»-ы корреспонденты фарстатæн

А.М. Джиоев

Фарста: Абон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ кусæгон фембæлд. Цас ахсджиаг у Хуссар Ирыстонæн ацы формат, кæцыйы хайад исынц РХИ-йы ФХъМ-йы минæвæрттæ дæр?

Дзуапп: Куыд æрцыд загъд, афтæмæй Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситæ – абоны бон иунæг æхсæнадæмон формат, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн ис комкоммæ диалогы фадат Гуырдзыстонимæ. Йæ сæйраг хæс у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фидар æдасдзинад бахъахъхъæнын, цæмæй хæстон архайдтытæ мауал сног уой. 

Хуссар Ирыстонæн йе 'дасдзинад бахъахъхъæнын у сæйрагдæр хæс. Ацы фарстайы уæлдай ахсджиагдзинад рæзы уый тыххæй, æмæ Гуырдзыстон цæттæ нæу дискусситы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны 'рдæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документ бафыссынмæ. Ахæм позици дестабилизаци кæны регионы уавæр. 

Гуырдзыстон дарддæр кæны НАТО-имæ бастдзинæдтæ æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзарын кæны тыхстдзинад. Бынтон æрæджы, зæрдæвæрæны мæйы, Гуырдзыстоны территорийыл цыдысты сæрмагонд операциты тыхты бирæнацион ахуыртæ, кæцыты хайад истой НАТО-йы бæстæтæ-уæнгтæ. Бæрæг у, æмæ конфликтон уавæр бæрзонд цы регионы у, сæрмагондæй, нæ арæнтæм æввахс, уым ахæм мадзæлттæ комкоммæ æвзарын кæнынц тæссагдзинад сабырад æмæ стабилондзинадæн. 

Хъыгагæн, гуырдзиаг фарсæрдыгæй абоны бон уынæм æрмæстдæр провокациимæ æмхæццæ къахдзæфтæ, уымæн ирд дæнцæг – Тбилисы ирон студент Голоты Тамазы адавд, афтæмæй ма уæвæг æцæгдзинадæй дард фидиуæнтæ. 

Фæлæ уæддæр мах цæттæ стæм диалогмæ æмæ Æхсæнадæмон дискусситы форматы куыстмæ, кæцытæ хъуамæ бындуриуæг кæной уæвæг æцæгдзинадыл æмæ регионы æппæт адæмы интерестæ дæр хынцой. Нæ позици у, цæмæй æппæт хайадисджытæн дæр уа æмбар æмархайды фадат æмæ тырнæм уымæ, цæмæй æхсæнадæмон дискусситæ æркæной æнтысджын фæстиуджытæм. Фидарæй нæ уырны, æрмæстдæр конструктивон диалогы фæрцы кæй ис уæвæг проблемæтæ скъуыддзаг кæныны фадат. 

Фарста: Ацы бонты Европæйы Цæдисы уæлдæр минæвар Кая Каллас радон хатт фехъусын кодта, Украинæйы фарстайы фæдыл Уæрæсеимæ диалог райдайыны рæстæджы иннæ фарастаты рæнхъы æвæрд кæй æрцæудзæн уæрæсейаг æфсæдты ракæныны фарста, уый хыгъд Гуырдзыстонæй дæр. 

Дзуапп: Ахæм фидиуæнтæ нымайæм мидхъуыддæгтыл бандавыны фæлварæнтыл, кæцытæ уавæр ноджы æндыгъддæр кæндзысты. Хуссар Ирыстоны территорийы æдасдзинад æмæ уæрæсейаг æфсæдты уæвынады фæдыл фарстатæ скъуыддзаг цæуынц æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дывæрсон диалогы фæлгæтты. 

Уæрæсейы Федераци уыд æмæ у регионалон æдасдзинады ахсджиаг иуæг, æмæ Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг хæстон тыхтæ та – йе 'дасдзинады ахсджиаг гарант. Нæ территорийыл сты дывæрсон æхсæнпаддзахадон бадзырдадтæм гæсгæ æмæ сын ис уæзгæ бынат сабырад бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

03.06.2026