Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзейы радон раныхасмæ ИНО-йы Генералон Ассамблейы трибунæйæ. Хъыгагæн, гуырдзиаг къухдариуæгады архайд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘рдæм нæ ивы.
Тбилисы декларацитæ æмæ практикон къахдзæфты 'хсæн ницы иудзинад ис, сты дард уæвæг геополитикон æцæгдзинадæй. Ууыл дзурæг сты официалон Тбилисы æнæрлæугæ арахайдтытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Сæрмагондæй, Фæскавказы Æдасдзинады фæдыл дискусситы Гуырдзыстоны минæвæрттæ кæй не сты разы тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документ бафыссынмæ.
«Иумæйаг æнусон фыдыбæстæ»-йы фæдыл загъдаутæ дзуапп нæ дæттынц историон æцæгдзинадæн, æмæ «оккупаци»-йы фæдыл тезисты та нæй барадон æмæ политикон бындур. Фыдæбæттæ æмæ фыдæвзарæнты сæрты рацæугæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм абон уынынц, кæм сты сæ сыхæгты деструктивон архайдтытæ, кæм та æцæг партнерад, кæцы фадат дæтты регионы æдасдзинад хъахъхъæнынæн.
Гуырдзиаг къухдариуæгадæн хъæуы сразы уын, 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет банымайыны фæдыл Уæрæсейы уынаффæйæн фæивæн кæй нал ис, ууыл.
2026 азы рухæны мæйы 25-æм бон