Гуырдзыстоны ФХъМ сарæзта радон æнаипп фидиуæн «2008 азы уæрæсейаг-гуырдзиаг хæстæй 18 азы рацыды» охыл, цыран æрсидт Уæрæсемæ, цæмæй ссæрибар кæна «йæ территориты æнæзакъонæй оккупаци».
Сыхаг паддзахады æддагполитикон уагдонæн радон хатт йæ хъус дарæм, бар кæй нæй бæлвырд факттæ зыгъуыммæ кæнын. НАТО-йы бæстæтæ Хуссар Ирыстоны 'рдæм агрессийы тыххæй цы дзурынц, уый фæлхатгæнгæйæ, гуырдзиаг ФХъМ дарддæр кæны йæ адæм æмæ дунеон æмæхсæнад дезинформаци кæнын.
Æрæджы Гуырдзыстоны политикон къухдариуæгад Кобахидзейы сæргълæудæй официалон æгъдауæй банымадта Гуырдзыстоны раздæры президент Саакашвилийы хæстон агрессийы аххосджыныл. Уый бæрæг уыд сæрысуангæй дæр, æмæ уый фæдыл Хуссар Ирыстон хъусын кодта фæстаг 18 азы дæргъы.
Афтæмæй ма бæрæг у, аххосджын æрмæст Саакашвили кæй нæу. Куыд паддзахады сæргълæууæг, Саакашвили архайдта Гуырдзыстоны номæй, фыдракæнд бардзырдтæ дæтта, Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ политикæ уагъта. Æмæ уый фæдыл 2008 азы майрæмты мæйы хæсты бæрндзинад хъуамæ хæсса бæстæ куыд уыцы политикæйы субъект, афтæмæй ма Саакашвилийы режимы хайадисджытæ дæр. Историйы ахæм дæнцæгтæ зындгонд сты.
Нымайæм гуырдзиаг ФХъМ-йы документы бæрæггæнæнтæ уæвæг æцæгдзинадæй дардыл. Растдæр Гуырдзыстоны «сабырадон» политикæйы фæрцы 1989 азæй фæстæмæ сæдæ мин ирон адæймаджы сырд æрцыдысты сæ зæххытæй. Мингай амæттæгтæ, пырхæнтæ, сæдæгай æбæрæгæй фесæфт ирон адæймаджы, кæцыты хъысмæт гуырдзиаг хицауад сусæг кæны – æппæт уыдæттæ сты гуырдзиаг сабырадон политикæйы æцæг цæсгом.
Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе уыд æмæ у æдасдзинады фидар гарант, æмæ дывæрсон ахастытæн та ис барадон бындур. Сидæм официалон Тбилисмæ, цæмæй ныууадзой æндæр бæстæты хъуыддæгтæм исты бар дарыны политикæ æмæ æрцахсой конструктивондæр позици, уый нымæцы Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы куысты дæр.
2026 азы майрæмты мæйы 9-æм бон