Венæйы ОБСЕ-йы министрты советы 32-æм рабадты йæ раныхасы рæстæджы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр М. Бочоришвили уавæр нæ ауагъта æмæ рæгъмæ рахаста Гуырдзыстоны афтæ хуыйнæг территориалон иудзинады «оккупаци» æмæ æцæгдзинадæй дард æндæр сыдывд тезистæ.
Бочоришвили кæй «нæ зоны» зындгонд факт, кæцы банымадта Х. Тальявинийы сæргълæудæй ЕЦ-йы æхсæнадæмон къамис – бæрæг бæлвырдæй та, 2008 азы майрæмты мæйы Гуырдзыстон кæй райдыдта хæстон архайдтытæ Хуссар Ирыстоны – уый дзуапп нæ дæтты уæвæг æцæгдзинадæн.
Официалон Тбилис та пайда кæны дывæр стандарттæй. Ахæм политикæ у тæссаг. Хуссар Ирыстонимæ æдасдзинады фарстатыл бæстонæй æрдзурыны бæсты, уынæм, уæвæг æцæгдзинадæй хъусдард здæхт кæй цæуы иппæрд темæтæм.
Гуырдзиаг фарс æрмæстдæр йæ ныхæсты нымайы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæстиуæгджын архайд. Ахæм ахаст сафы æууæнкдзинад æмæ ахъаз нæу фæстиуæгджын куыстæн, кæцыйы хайад исынц ОБСЕ-йы минæвæрттæ дæр.
Тбилисæн афон у, цæмæй ныууадза зæххытæ æмбырд кæныны фæдыл йæ фæндтæ æмæ райдайа уæвæг æцæгдзинад куыд у, афтæмæй исын.
Цхинвал, 2025 азы цыппурсы мæйы 5-æм бон