Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 16 азы рацыды фæдыл арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 16 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон нæ адæмы историйы байгом ног сыф, сырæзт æмахастыты фидар бындур, кæцы, сабырдзинад, сæрибар æмæ рæстдзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ, æвдисы нæ адæмы тырнындзинад кæрæдзийæн æппæтварсон æххуысмæ.

Ацы азты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон уагдæтты æмархайд ахъаз у дывæрсон стратегион партнерад æмæ интеграцион процессты уæрæхкæнынадæн».

09.09.2024